4 Маст кӕрдӕджытӕ ӕууылдтой, ӕхсӕлыйы уидаг — сӕ хойраг.
йӕхӕдӕг дарддӕр ахӕцыд ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры иу бонцауы бӕрц куы бауади, уӕд уым иу ран ӕхсӕлыйы къутӕры бын ӕрӕнцад ӕмӕ мӕлӕт куырдта йӕхицӕн: «Ӕгъгъӕд мын фӕуӕд, Дунедарӕг! Мӕ бон нал у, айс мын мӕ уд! Ӕз дӕр мӕ фыдӕлтӕй хуыздӕр куынӕ дӕн».
Ӕххормаг ӕмӕ гӕвзыккӕй басасти сӕ хъару, афтӕмӕй хъеллау кодтой гӕныстон быдырты, тары.
Адӕм сӕ ӕввахс нӕ уагътой сӕхимӕ, сӕ фӕдыл-иу хъӕр кодтой, цыма къӕрныхтӕ уыдысты, уыйау.
Амос Амациайӕн дзуапп радта: «Ӕз нӕ дӕн нӕдӕр пехуымпар, нӕдӕр — пехуымпары фырт. Ӕз уыдтӕн фыййау ӕмӕ зылдтӕн сикомортӕм.
Лӕппу суанг хуыты хойрагӕй дӕр йӕ гуыбын бафсадыныл разы уыдаид, фӕлӕ йын уый дӕр ничи лӕвӕрдта.