30 Мӕ царм ныссау ис, алӕбырди мӕ уӕлӕ, ме стджытӕ мӕ буары тӕвдӕй судзынц.
Марды чырын хонын мӕ фыд, уаллоны — мӕ мад, мӕ хо.
Ӕмӕ уыйадыл сайтан ацыди Дунедарӕджы цурӕй. Иовы буар йӕ къахы бынтӕй йӕ сӕры онг судзаг цъутхал фестын кодта.
Ме стджыты рыстӕй ӕхсӕвыгон ӕнцой нал зонын.
Уый дын хатыр кӕны де ’ппӕт азымтӕ, дзӕбӕх дын кӕны де ’ппӕт низтӕ.
Ирвӕзын дӕ кӕны ингӕнӕй, кады худау дӕуӕн — Йӕ хорзӕх ӕмӕ Йӕ бирӕ хӕрзтӕ.
Уӕларвӕй мыл ӕруагъта арт. Уӕ, судзы мӕ! Мӕ размӕ мын къӕппӕджытӕ сӕвӕрдта. Уӕ, лидзӕг мӕ фӕкодта! Уӕ, мӕнӕ фыр тӕссӕй куы бандзыг дӕн, куы кӕлы алы бон мӕ туг!
куы мӕ ’ргӕвды, куы мын ныззыгуым кодта ме стджытӕ!
Уӕ, ныр куы ныссау сты ӕвзалыйау, уӕ, уынгты сӕ куынӕуал ис базонӕн! Куы фестадысты царм ӕмӕ стджытӕ, сӕ царм бӕласы цъарау бахус ис.
Цыма нӕ ’фсӕйнаг пецы басыгъдӕуыд, уыйау ӕххормагӕй нӕ царм ныссау ис!
Куы фехъуыстон ӕз ацы уац — мӕ зӕрдӕ барызти. Дӕ хъӕлӕсӕй ныззыр-зыр кодтой былтӕ, рыст ме стджыты дӕр ахызти. Мӕ къӕхты бын ӕз нал ӕмбӕрстон зӕхх, фӕлӕ фӕразонӕй кӕсдзынӕн ӕз ӕнхъӕлмӕ не знӕгты фыдбылызмӕ.