27 Мӕ хуылф мӕстӕй судзы ӕдзухдӕр, сау бонтӕ мӕ уӕгъд нӕ уадзынц.
Мӕлӕты талынг дӕлвӕзы куы цӕуон, уӕд дӕр нӕ фӕтӕрсдзынӕн фыдбылызӕй, уымӕн ӕмӕ Ды мемӕ дӕ; Дӕ фыййаулӕдзӕг мӕ басабыр кӕны.
Ӕмӕ ма ныр цӕмӕ у мӕ каст, Дунедарӕг? Мӕ ныфс ӕрмӕстдӕр Ды дӕ.
Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Райсом-иу раджы сыст. Фараон доны былмӕ куы рацӕуа, уӕд ӕм баздӕх, Дунедарӕг, дам, зӕгъы: „Мӕ адӕмы Мын рауадз, ӕмӕ Мӕм бакувой.
«Ау, Ефрем Мӕ зынаргъ фырт нӕу? Ау, Мӕ уарзон хъӕбул нал у? Фыдбылызтӕ йын арӕх ӕвзарын кодтон, фӕлӕ Мӕ рох нӕу. Мысын ӕй, ныххатыр ын кӕндзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.
О зӕрдӕ, зӕрдӕ! Фырвӕллад баци зӕрдӕ фыр рыстӕй, фӕйнӕрдӕм тоны, нал зонын ӕнцой — сыкъауадындзты уасын ӕмӕ тохы хъӕртӕ хъусын.
О Дунедарӕг, ӕркӕс-ма мын мӕ хъизӕмармӕ! Мӕ зӕрдӕ фӕйнӕрдӕм тоны, ӕнцой нӕ ары мӕ уд — нӕ Дӕм хъуыстон! Мӕ хӕдзӕртты куы бабадти мӕлӕт, мӕ сабиты мын уынгты кардӕй марынц!
Тыхсы мӕ уд, о, бакуырм дӕн фыр куыдӕй! Мӕ зӕрдӕ скъуыны, уӕ, мӕ адӕм сӕфынц! Чысыл сабитӕ сахары уынгты сыдӕй мӕлынц!