Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 30:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Ау, зын раны чи бахауди, уыдоныл нӕ хъыг кодтон? Ау, мӕ зӕрдӕ нӕ рысти мӕгуыры тӕригъӕдӕй?

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 30:25
20 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Мӕгуырты фӕндагӕй иуварс ассонынц, сӕхи сӕ бамбӕхсынц мӕгуыргуртӕ.


уымӕн ӕмӕ ӕз мӕгуыр лӕгӕн уыдтӕн фӕдисон, сидзӕры ӕфхӕрын нӕ уагътон.


Фӕхӕцӕг кӕмӕн нӕй, уыдонӕн фыд уыдтӕн, ӕнӕзонгӕйӕн-иу йӕ хъаст равзӕрстон лӕмбынӕг.


Мӕ цатыры нӕ дзырдтой адӕм, тӕхуды, йӕ фыдызгъӕлӕй нӕ куы бафсадид, зӕгъгӕ.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом.


Йӕ хионмӕ ’лгъаджы цӕстӕй чи кӕсы, уый тӕригъӕд ми кӕны, мӕгуыр лӕгӕн ӕххуыс чи кӕны, уый — тӕхудиаг.


Мӕгуыр лӕджы чи хъыгдары, уый йын йе Сфӕлдисӕджы ’фхӕры, кад Ын чи кӕны, уый мӕгуыртыл ауды.


Мӕгуыр лӕгыл чи худы, уый йын йе Сфӕлдисӕджы ’фхӕры; искӕй хъыгыл цин чи кӕны, уый ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзӕн.


Мӕгуыр лӕгӕн чи ӕххуыс кӕны, уый Дунедарӕгӕн ӕфстау дӕтты, йӕ хорздзинад ын Дунедарӕг бафиддзӕн.


Пайдайыл ӕхца ’фстау дӕтгӕйӕ, йӕ исбоныл чи ’фтауы, уый йӕ мулк, мӕгуыртыл чи ауды, уымӕн ӕмбырд кӕны.


Ацы ныхӕстӕм куынӕ байхъусат, уӕд ӕз сусӕгӕй кӕудзынӕн, сӕрыстыр кӕй стут, ууыл. Нал бахус уыдзӕн Мӕ цӕссыг, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы дзуг уацары бахаудзӕн.


Ау, хорз ӕвзӕрӕй фидгӕ у? Мӕ фесафынӕн дзыхъхъ куы скъахтой! Ӕрхъуыды-ма кӕн: ӕз-иу Дӕ разы лӕууыдтӕн ӕмӕ сын хорзӕх куырдтон, цӕмӕй сӕ Дӕ маст аздахай.


ӕмӕ загъта: „О стыр Вавилон! Мӕ хъомысӕй, мӕхи кадӕн дӕ мӕ паддзахады сӕйраг сахар скодтон!“


Йесо сахармӕ куы ӕрбахӕстӕг ӕмӕ йӕм куы акасти, уӕд ыл ныккуыдта


Йесойӕн йӕ цӕссыгтӕ ӕркалдысты.


Цин кӕнут, цин чи кӕны, уыдонимӕ ӕмӕ кӕут, чи кӕуы, уыдонимӕ.


Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Рӕдауӕй радта, байуӕрста мӕгуыртӕн; йӕ рӕстад цӕрдзӕни мыггагмӕ».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ