22 Дӕ уӕлныхты мӕ фелвӕстай, дымгӕмӕ мӕ ныддардтай, мӕ бындзарӕй мӕ ныууыгътай.
Хъуамӕ уыдон, дымгӕ кӕй систа, уыцы хъӕмпыхалы, зилгӕ дымгӕ кӕй ахаста, уыцы цъӕмӕлты ’нгӕс уаиккой.
Скӕсӕнӕй йыл уаддымгӕ йӕхи рауадздзӕн, йӕ бынатӕй йӕ фелвасдзӕн ӕмӕ йӕ ахӕсдзӕн.
Уаддымгӕйау мыл Йӕхи ныццавта, ӕнаххосӕй мӕ хойы ӕмӕ хойы.
Ӕнӕхуыцӕуттӕн ӕндӕр у сӕ хъысмӕт: уыдон сты, дымгӕ кӕй ахӕссы, уыцы зыгуымау.
Нӕ тӕригъӕдтӕм гӕсгӕ нын нӕ фӕвӕййы, нӕ азымтӕм гӕсгӕ нын нӕ бафиды.
Раппӕлут Ын Йӕ уаз номӕй, Дунедарӕджы чи агуры, уыдон цинӕй райӕнт!
Хуыцауы тас — сыгъдӕг, нӕ фесӕфдзӕни мыггагмӕ. Дунедарӕгӕн йӕ тӕрхӕттӕ — ӕцӕг, иууылдӕр рӕстаг сты.
Ӕмбухынц дзыллӕтӕ, знӕт фурды уылӕнтау. Фӕлӕ сӕм Хуыцау бартхъирӕн кодта, ӕмӕ фӕстӕмӕ лидзӕг фесты дардмӕ, дымгӕ зыгуымы муртӕ хӕхтыл куыд ахӕссы, зилгӕ уад рыг куыд сыздухы, уыйау.
Сӕ иу ӕртыккаг хай сын арты басудз сахары астӕу, йе ’рхъулайы бонтӕ куы фӕуой, уӕд, иннӕ ӕртыккаг хай кардӕй ныллыгтӕ кӕн сахаргӕрӕтты, аннӕ ӕртыккаг хай та дымгӕмӕ ныддар. Ӕз та сӕм фӕсте ӕвзиддзынӕн кардӕй.
Уымӕ гӕсгӕ уыдон райсомы мигъӕй, ӕртӕхӕй уӕлдай нал уыдзысты; мусы зыгуымау, тохынайы фӕздӕгау ӕрбайсӕфдзысты.
Дымгӕ сӕ куы ныффӕйлауа, уӕд сӕ нывӕндтӕй фефсӕрмы уыдзысты.