20 О Хуыцау, дзыназын Дӕм, фӕлӕ мын дзуапп нӕ дӕттыс, Дӕ разы лӕууын, фӕлӕ мӕм Ды кӕсгӕ дӕр нӕ кӕныс.
Фӕдисхъӕр бӕргӕ кӕнын, фӕлӕ дзуапп нӕй, бӕргӕ сидын ӕххуысмӕ, фӕлӕ мӕ сӕрыл ничи хӕцы.
Фыдбон ыл куы акӕна, уӕд ын Хуыцау йӕ фӕдисхъӕр фехъусдзӕн?
О, исчи мӕм куы байхъусид! Цы загътон, уыдонӕй алцӕуыл дӕр ӕз мӕ къух ӕвӕрын, ӕмӕ мын Ӕппӕтхъомыс дзуапп раттӕд, мӕ Аххосгӕнӕг ныффыссӕд, цӕй мидӕг ис мӕ азым.
Хизы мӕ сойджын сӕрвӕтты, хоны мӕ сабыр цӕугӕдӕттӕм.
Фӕфидар мын кӕны мӕ уд, раст фӕндагыл мӕ аразы Йӕ номы сӕраппонд.
Дӕ паддзахы бадӕны бындур — рӕстдзинад ӕмӕ раст тӕрхон; Дӕ хорзӕх ӕмӕ Дӕ иузӕрдиондзинад цӕуынц Дӕ разӕй.
Ӕврӕгъты сӕрмӕ бамбӕхстӕ, нӕ нын хъусыс нӕ куывд!
Ӕз хъӕр кӕнын ӕмӕ дзыназын: мӕ куывд Ӕй фехъусын нӕ фӕнды.
Фӕлӕ йӕм Йесо иу ныхас дӕр не скодта. Уӕд Ӕм бацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йӕм ӕрхатыдысты: «Байхъус ӕм, ӕмӕ ацӕуа, науӕд нӕ фӕдыл бафтыд ӕмӕ хъӕр кӕны».