16 Хъизӕмарӕй мӕлын, саубон мыл акодта.
Мӕ тыхулӕфт мӕ хӕринаг у ныр, мӕ хъӕрзын донау ивылы.
Ме знӕгты мыл куынӕ фӕуӕлахиз уой, уӕд ӕй зондзынӕн, Ды мыл кӕй аудыс, уый.
Ӕз бацӕудзынӕн Хуыцауы нывондхӕссӕнмӕ, Хуыцаумӕ — мӕ циндзинады суадонмӕ, стаудзынӕн Дӕ хъисфӕндыры цагъдӕй, о Хуыцау, мӕ Хуыцау!
Уымӕ гӕсгӕ Йын бирӕтимӕ ратдзынӕн хай, хъомысджынтимӕ байуардзӕни ӕфтиаг, уымӕн ӕмӕ Йӕхицӕн равзӕрста мӕлӕт. Фыдгӕнджыты хыгъдмӕ Йӕ бахастӕуыд, афтӕмӕй та Йӕхимӕ райста бирӕты тӕригъӕд, фыдгӕнджытӕн сси хатыркурӕг».
Сӕ мадӕлтӕй куы курынц дон, къӕбӕр, уӕ, уынгты ӕрдӕгмӕрдтау куы лӕзӕрынц! Сӕ удтӕ сисынц мадӕлты хъӕбысы!
Аннӕ йын дзуапп радта: «Нӕ, ме ’лдар, ӕз сӕн дӕр нӕ бануӕзтон ӕмӕ махсымӕ дӕр. Фыр адӕргӕй цы акӕнон, уый нӕ зонын ӕмӕ мӕнӕ Дунедарӕгӕн мӕ риссӕгтӕ дзурын.