11 Ӕдых, ӕнӕбон мӕ скодта Хуыцау, ӕмӕ сӕ бӕттӕнтӕ райхӕлдтой.
Паддзӕхтӕн сӕ рон раппары ӕмӕ сын астӕубосӕй сӕ синтӕ алвасы.
Уӕздӕтты сӕгад кӕны, хъаруджынты тых скадавар кӕны.
Уымӕн ӕмӕ Уый загъта — ӕмӕ сӕххӕст ис; Уый бардзырд радта — ӕмӕ сси афтӕ.
Дунедарӕгимӕ кӕй абарӕн ис уӕлӕрвты? Хуыцауы фыртты ’хсӕн Дунедарӕджы хуызӕн чи у?
Кӕд исчи йӕхи уырнӕгыл нымайы, йе ’взагыл та йӕ бар нӕ цӕуы, уӕд йӕхӕдӕг йӕхи сайы ӕмӕ йӕ уырнындзинад ӕнӕпайда у.
Ардыгӕй дзагармӕй ацыдтӕн, фӕстӕмӕ та мӕ афтидӕй ӕрбаздӕхта Дунедарӕг. Цӕмӕн мӕ хъӕуы хонын Наоми, кӕд ӕмӕ мын Дунедарӕг хъизӕмӕрттӕ бавзарын кодта, кӕд ӕмӕ мӕ ралгъыста Ӕппӕтхъомыс».