10 Былысчъилӕй мӕ сӕхи иуварс ласынц, ӕнӕфсӕрмӕй мыл ту кӕнынц.
Хуыцау мӕ адӕмы дзыхы бафтыдта, ӕмӕ мын мӕ цӕсгомыл тутӕ кӕнынц.
Ме ’рдхӕрдтӕ мыл ӕнӕввӕрсон систы, кӕй уарзтон, уыдон рацыдысты мӕ ныхмӕ.
Уымӕ гӕсгӕ мӕ ныхӕстыл мӕ къух исын, фӕсмонӕй мӕхи хӕрын, фӕнык ӕмӕ рыджы бадгӕйӕ».
Тасӕфтауӕг у Хуыцау Йӕ сыгъдӕджыты астӕу, Йӕ алыварс чи ис, ӕппӕт уыдонӕй тӕссагдӕр.
Мӕгуыр лӕг йе ’фсымӕртӕн дӕр — ӕнӕуынон, йе ’мбӕлттӕ дзы сӕхи хизынц: куы сӕм фӕсиды, уӕд ӕрбайсӕфынц.
Ме рагъ бадардтон, нӕмгӕ мӕ чи кодта, уыдонмӕ, мӕ роцъо та — мӕ зачъе мын чи тыдта, уыдонмӕ. Мӕхи нӕ аздӕхтон, хынджылӕг мӕ чи кодта, уыдонӕй, Мӕ цӕсгом нӕ бамбӕрзтон, тутӕ мыл куы кодтой, уӕд.
Йӕ ныццӕвӕгмӕ бадардта йӕ рус. О, худинаджы бын куы фӕци!
ныххӕлиу кодтой не знӕгтӕ сӕ дзыхтӕ, цӕмӕй нӕ аскъуыдтӕ кӕной!
Иу мӕймӕ ӕртӕ фыййауы фесафдзынӕн; уыдон мӕ куыд нӕ уарзынц, афтӕ Мӕнӕн дӕр суыдзысты ӕнӕуынон.
Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Йӕ фыд ын йӕ цӕсгомыл куы бату кӕнид, уӕд авд боны дӕргъы фыр ӕфсӕрмӕй йӕхи не ’мбӕхсид? Авд боны дӕргъы рӕсӕнуаты ӕдде фӕуӕд ӕмӕ-иу уый фӕстӕ ӕрбацӕуӕд».
Фӕлӕ ӕппӕт адӕттӕ уымӕн цӕуынц, цӕмӕй сӕххӕст уа, пехуымпартӕ цы ныффыстой, уый». Уӕд Ӕй ахуыргӕнинӕгтӕ се ’ппӕт дӕр ныууагътой ӕмӕ фӕлыгъдысты.
Ӕмӕ Йын иутӕ Йӕ цӕсгомыл тутӕ кӕнын райдыдтой, иннӕтӕ Йын цавтой Йӕ рустӕ
Фӕтутӕ Йыл кодтой, уый фӕстӕ Йын райстой Йӕ лӕдзӕг ӕмӕ Йын дзы Йӕ сӕр цавтой.
уӕд йе ’фсымӕры идӕдз бацӕуӕд, хистӕрты раз ын йӕ дзабыр йӕ къахӕй раласӕд, йӕ тӕккӕ цӕсгомыл ын бату кӕнӕд ӕмӕ зӕгъӕд: „Йе ’фсымӕры хӕдзар ногӕй рацаразын кӕй нӕ фӕнды, уымӕн мӕнӕ афтӕ бакӕнынц“.