1 Ныр та мыл мӕхицӕй кӕстӕртӕ худынц, мӕ фыййау куыйтӕм дӕр хӕстӕг кӕй нӕ бауагътаин, уыдон:
Йерихонӕй Елисей араст ис Вефилмӕ. Сахармӕ нӕма бахӕццӕ, афтӕмӕй уырдыгӕй рацыди сабиты къорд ӕмӕ йыл худтысты, фидистӕ йын кодтой: «Рацу нӕм, цӕгӕрсӕр! Рацу нӕм, цӕгӕрсӕр!»
Мӕ хӕлӕрттӕ мыл сӕхи худӕгӕй хӕссынц, Хуыцау, дам ын мӕнӕ цы дзуапп радта — ӕнӕкъӕм рӕстуд сын хъазӕнхъул сси!
сӕ къухты хъару мӕ кӕм хъӕуы, стӕй ма сӕм цӕй хъару ис?
Иу адӕймаг ӕфхӕрдзӕн иннӕйы, хион — хионы; ӕрыгӕттӕ хъаздзысты зӕрӕдтӕй, ӕнӕрӕгъыдзыдтӕ — уӕздӕттӕй.
Ӕмӕ Йыл чидӕртӕ тутӕ кӕнын райдыдтой, Йӕ цӕсгом-иу Ын бамбӕрзтой, цавтой Йӕ ӕмӕ Йын дзырдтой: «Кӕд пехуымпар дӕ, уӕд Дӕ чи ныццавта, уый-ма базон». Хъахъхъӕнджытӕ дӕр Ын Йӕ рустӕ цавтой.
Загъта сын: «Сымах мӕм ӕрбакодтат ацы адӕймаджы, Уый адӕмы змӕнты, зӕгъгӕ. Ӕз уӕ разы равзӕрстон хъуыддаг ӕмӕ Йӕм, цы фыдракӕндты Йӕ азымджын кӕнут, ахӕмӕй ницы ссардтон.
Фӕлӕ адӕм ӕмхуызонӕй хъӕр систой: «Амар Ӕй! Вараввӕйы нын рауадз!»
Адӕм лӕууыдысты ӕмӕ кастысты, сӕ хицӕуттӕ та Йыл худтысты: «Иннӕты ирвӕзын кодта, ныр Йӕхи фервӕзын кӕнӕд, кӕд Хуыцауы ӕвзӕрст Чырысти у, уӕд».
Кӕй байтыгътой, уыцы фыдгӕнджытӕй иу ӕлгъыста Йесойы ӕмӕ Йын дзырдта: «Чырысти нӕ дӕ, ӕви цы? Фервӕзын кӕн Дӕхи дӕр ӕмӕ мах дӕр».
Уӕд иудейӕгтӕ сӕ фыр хӕлӕгӕй, сахары фӕзы ӕнаккаг адӕмӕй чи уыд, уыдонӕй цалдӕры семӕ райстой ӕмӕ ӕгас сахар сызмӕстой. Балӕбурдтой Йасоны хӕдзармӕ ӕмӕ хъавыдысты Павел ӕмӕ Силӕйы адӕмы размӕ ракӕнын.
Критӕгтӕн сӕхицӕй иу «пехуымпар» афтӕ загъта: «Критӕгтӕ рагӕй-ӕрӕгмӕ дӕр сты фӕлитойтӕ, саузӕрдӕ сырдтӕ, зивӕггӕнаг фыдгуыбынтӕ».