9 Стъалы ма фӕзынӕд йӕ изӕры арвыл, саугуырм бауӕд йӕ бонцъӕх, хурыскастмӕ ныуурс уӕнт йӕ цӕстытӕ, фӕлӕ сӕуӕхсиды рухс ма фенӕд!
Уымӕн ӕмӕ мын мӕ ныййарӕджы ӕнӕзӕнӕг нӕ фӕкодта, хъизӕмӕрттӕн мӕ равзӕрын кодта.
Бон чи ӕлгъиты, Левиафаны райхъал кӕнын кӕй бон у, уыдоны ’лгъыст ӕй баййафӕд.
Хорзмӕ куы ’нхъӕлмӕ кастӕн, уӕд мӕ сӕр фыдбылыз баййӕфта, рухсмӕ куы ’нхъӕлмӕ кастӕн, уӕд мыл бон баталынг ис.
Йе ’хснырстӕй арв ферттивы, йӕ цӕстытӕ — сӕуӕхсиды ӕнгӕс;
Йӕ ныхмӕ нӕ фӕлӕудзысты нӕдӕр кард, нӕдӕр арц, нӕдӕр згъӕр.
Сыстаут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, цалынмӕ Уый нӕ баталынг кодта дуне ӕмӕ саудалынджы нӕ фӕкалдыстут, уӕдмӕ. Рухсмӕ ’нхъӕлмӕ кӕсдзыстут, фӕлӕ йӕ Уый тар ӕмӕ саудалынг фестын кӕндзӕн.
Сабыр цардыл нӕ зӕрдӕ дарӕм, фӕлӕ хорзӕй ницы уынӕм, сдзӕбӕхмӕ ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, фӕлӕ фӕзынд ӕвирхъау тас!