23 Цӕмӕн рардӕуы уыцы лӕгӕн цард, Хуыцау Йӕхӕдӕг йӕ развӕндаг цӕлхдуртӕй кӕмӕн ӕхгӕны?
Уый цы фехала — ничиуал ӕй сараздзӕн, ахӕстоны кӕй бакӕна, уый уырдыгӕй нал рацӕудзӕн.
Мӕ къӕхтыл мын хъадамантӕ бакодтай, гакк мыл сӕвӕрдтай, мӕ алы къахдзӕф дӕр Дын нысангонд у.
Йе ’фсӕдтӕ ӕмвӕтӕнӕгӕй сӕ ных сарӕзтой мӕнӕрдӕм, мӕ хӕдзарыл мын ӕрхъула кодтой.
уӕд зонут: Хуыцау мӕ афӕлдӕхта, Уый мӕ баппӕрста цъысымы.
Хуыцау мын сӕхгӕдта мӕ фӕндаг, ӕмӕ мӕ бон акъахдзӕф кӕнын нӕу, саудалынг мын бафтыдта мӕ фӕндагыл.
Ныццин кӕниккой уыдон сау ингӕныл, чырыныл кӕй фӕхӕст сты, ууыл.
«Ӕз дӕ зонды къахыл сӕвӕрдзынӕн фӕндаг дын бацамондзынӕн. Ӕз дӕ размӕ кӕндзынӕн, Мӕ цӕст дӕм дардзынӕн.
Тасӕфтауӕг у Хуыцау Йӕ сыгъдӕджыты астӕу, Йӕ алыварс чи ис, ӕппӕт уыдонӕй тӕссагдӕр.
О Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Дӕуӕн ӕмбал кӕм ис? О Дунедарӕг, чи у тыхджын Дӕуау? Дӕ алыварс — Дӕ иузӕрдиондзинад.
Израилы адӕм, Йаковы байзӕддӕгтӕ, куыд дзурут сымах, Дунедарӕг Хуыцау ныл нӕ тыхсы, ферох нӕ кодта, зӕгъгӕ?
Мӕ алыварс куы самадта быру, — нӕй рацӕуӕн, рӕхыстӕй мӕ куы сбаста!
Уӕ, дуртӕ мын куы самадта мӕ размӕ, ныссуйтӕ мын кодта мӕ фӕндӕгтӕ!
Йӕ развӕндаг ын Ӕз сындз къутӕр фестын кӕндзынӕн, йӕ алыварс ын самайдзынӕн быру, ӕмӕ йӕ фӕндаг ныссуйтӕ уыдзӕн.