17 Уым ӕнаккӕгтӕ дӕр ӕрсабыр вӕййынц, уым цардӕфхӕрдтӕ дӕр сулӕфынц,
Тӕхуды, мӕрдтыбӕсты мӕ куы бамбӕхсис, цалынмӕ Дӕ маст ӕрцӕуа ӕмӕ афтӕмӕй бӕлвырд ӕмгъуыды фӕстӕ Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууон, уӕдмӕ!
Мемӕ мӕрдтыбӕстӕм ныххиздзӕни уый, сыджыты ’рхуысдзӕни мемӕ».
Баныгӕдтаиккой мӕ ӕфхӕлцытимӕ, боны рухс чи нӕ федта, уыдонимӕ.
уым ахӕстытӕ дӕр ссарынц ӕнцой, сӕ цӕстдарджыты хъӕр нал фӕхъусынц.
Ӕмӕ уӕд мӕрдты удӕгӕстӕй амондджындӕр схуыдтон.
Сӕ уарзт, сӕ фыдӕх ӕмӕ сӕ монцтӕ фӕцыдӕр сты, зӕххон цӕрджытимӕ сын ӕнусмӕ иумӕйагӕй ницыуал ис.
Ма тӕрсут, буар чи мары, фӕлӕ уд амарын кӕй бон нӕу, уыдонӕй. Тӕрсут, уд дӕр ӕмӕ буар дӕр зындоны фесафын Кӕй бон у, Уымӕй.
Мӕ хӕлӕрттӕ, буар амарынӕй уӕлдай сӕ бон кӕмӕн ницы у, уыдонӕй ма тӕрсут.
Уӕдӕ бацархайӕм уыцы ӕнцойадмӕ бацӕуыныл, цӕмӕй мачи бафӕзма хивӕндты ӕмӕ сӕ уыдоны хъысмӕт ма баййафа.
Уӕдӕ Хуыцауы адӕмӕн сӕ фӕлладуадзӕн сабат нырма ӕрцӕуинаг у.
уымӕн ӕмӕ уый царди се ’хсӕн, алы бон дӕр се ’нӕуаг хъуыддӕгтӕ уыдта ӕмӕ хъуыста, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ рысти.
Уӕларвӕй мӕм ӕрыхъуысти хъӕлӕс ӕмӕ мын загъта: «Ныффысс: нырӕй фӕстӕмӕ Бардарӕгыл ӕууӕндгӕйӕ чи мӕлы, уыдон тӕхудиаг сты». — «О, уыдон ӕрӕнцайдзысты сӕ фыдӕбӕттӕй, — зӕгъы Уд, — уымӕн ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ цӕуынц сӕ фӕдыл».
Канд дӕу нӕ, фӕлӕ ӕгас Израилы дӕр Уый филистимӕгты къухмӕ ратдзӕн. Райсом ды дӕр ӕмӕ дӕ фырттӕ дӕр февзӕрдзыстут, ӕз кӕм дӕн, уым. Израилы ӕфсад та филистимӕгты къухмӕ ратдзӕни Дунедарӕг».