12 Уӕрджытыл мӕ цӕмӕн ӕрӕвӕрдтой, мӕ мады ’хсырӕй мӕ цӕмӕн схастой?
Ууыл ын Рахел загъта: «Мӕнӕ мӕ унӕут Билхамӕ бацу, ӕмӕ мын мӕ хъӕбысмӕ ныййарӕд, ӕмӕ уӕд уый фӕрцы ӕз дӕр схӕдзар уыдзынӕн».
Ӕрӕййӕфта ма Ефремы фыртты фыртты. Менассиайы фырт Махиры хъӕбултӕ дӕр ма уый хъӕбысмӕ райгуырдысты.
Мӕ мады гуыбынӕй куы рацыдтӕн, тӕккӕ уыцы уысм мӕ уд цӕуылнӕ систон?
Мӕхицӕн ӕнӕмӕтӕй хуыссин ӕмӕ улӕфин,
Ӕз — Дунедарӕг — сӕххӕст кӕндзынӕн Мӕ дзырд. Йерусалимы сахарӕн сбирӕ кӕндзынӕн йӕ фарн, йемыдзаг ӕй бакӕндзынӕн адӕмты фӕллойӕ, раст ыл цыма дон раивылдзӕни, уыйау. Ӕмӕ уӕхи ӕнкъардзыстут, хъӕбысы кӕнӕ уӕрджытыл кӕй фӕрӕвдауынц, уыцы сабитау.