10 Уымӕн ӕмӕ мын мӕ ныййарӕджы ӕнӕзӕнӕг нӕ фӕкодта, хъизӕмӕрттӕн мӕ равзӕрын кодта.
Дунедарӕг уый размӕ Авраамы ус Саррӕйы тыххӕй Авимелехы хӕдзары ӕппӕт сылгоймӕгтӕн дӕр сӕхгӕдта сӕ зӕнӕгдон.
Дунедарӕг федта, Йаковӕн Леа ӕнад кӕй у, уый ӕмӕ йын радта зӕнӕджы амонд, Рахел та разынд ӕнӕзӕнӕг.
Цардӕй мӕ зӕрдӕ фӕцъӕх ис, ӕмӕ куыннӕ кӕнон хъарджытӕ? Мӕ уды хъизӕмар раргом кӕндзынӕн.
«Раздӕрау мӕ судзаг хъӕстытӕ кӕнын, Йӕ къухы уӕзӕй хъӕрзын.
Мӕ мады гуыбынӕй куы рацыдтӕн, тӕккӕ уыцы уысм мӕ уд цӕуылнӕ систон?
Стъалы ма фӕзынӕд йӕ изӕры арвыл, саугуырм бауӕд йӕ бонцъӕх, хурыскастмӕ ныуурс уӕнт йӕ цӕстытӕ, фӕлӕ сӕуӕхсиды рухс ма фенӕд!
Ӕвзонг бонтӕй фӕстӕмӕ дӕ зонд хъахъхъӕн хъизӕмарӕй, дӕ буармӕ ӕвзӕрӕй хӕстӕг мацы уадз, уымӕн ӕмӕ сабибонтӕ ӕмӕ ’взонгад тагъд аивгъуыйынц.
мады гуыбыны мӕ нӕ амардта, цӕмӕй мӕ ныййарӕг мад суа мӕ ингӕн, йӕ гуыбын ӕнустӕм баззайа ӕнхъӕлцауӕй!
Аннӕйӕн-иу радта сӕрмагонд хай, уымӕн ӕмӕ йӕ фылдӕр уарзта, кӕд ын Дунедарӕг зӕнӕг нӕ лӕвӕрдта, уӕддӕр.