8 ӕмӕ-иу, мӕн фенгӕйӕ, фӕсивӕд фӕндагӕй иуварс алӕууыдысты, хистӕртӕ-иу мын сыстадысты.
Ӕз-иу сахары кулдуары размӕ рацыдтӕн, фӕзы-иу мӕ бадӕны ӕрбадтӕн,
Ӕлдӕрттӕн-иу сӕ ныхас сӕ дзыхы нал бадти, адӕргӕй-иу сӕ дзыхтӕ сӕ къухтӕй амбӕрзтой.
Урс сӕр — намысы кады худ, раст фӕндагыл чи цӕуы, уый йӕ ссардзӕнис.
Паддзах тӕрхон кӕнынмӕ куы ’рбады, уӕд йӕ цӕстӕнгасӕй алы ’взӕрдзинад дӕр дымгӕмӕ ныддары.
Урссӕрӕн-иу сыст ӕмӕ хистӕрӕн кад кӕн. Тӕрс дӕ Хуыцауӕй. Ӕз — Дунедарӕг.
Уӕдӕ, кӕмӕн цы ӕмбӕлы, уый йын дӕттут: хъалон кӕмӕн ӕмбӕлы, уымӕн — хъалон, фиддон кӕмӕн ӕмбӕлы, уымӕн — фиддон, нымайын кӕй ӕмбӕлы, уый нымайут, кад кӕмӕн ӕмбӕлы, уымӕн кӕнут кад.
Сӕ зӕрдыл сын лӕууын кӕн, цӕмӕй коммӕ кӕсой хицӕуттӕ ӕмӕ барджынтӕн, алы хорз хъуыддагмӕ дӕр уой цӕттӕ,
Аргъ кӕнут алкӕмӕн дӕр, уарзут ӕфсымӕрты, тӕрсут Хуыцауӕй, нымайут паддзахы.
Сымах дӕр, кӕстӕртӕ, кӕсут хистӕрты коммӕ. Уырнджытӕ, уе ’ппӕт дӕр кӕрӕдзийы раз ут сӕрныллӕг, уымӕн ӕмӕ «Хуыцау сӕрыстыртӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕджытӕн та хорзӕх дӕтты».