6 Уӕд мӕ фӕндаг сойвӕдыл цыди, айнӕгӕй та оливӕйы сой лӕдӕрсти.
Иудӕ йӕ къӕлӕуы сӕнӕфсиры зӕнгыл бӕтдзӕнис, талаты хуыздӕрыл бӕтдзӕни йӕ къӕлӕуы. Ӕнхъӕвздзӕн йӕ пӕлӕз сӕнӕфсиры доны, сӕнӕфсиры туджы ӕнхъӕвздзӕни йӕ дарӕс.
Ӕхсыры цадтӕ уый нӕ фендзӕн, йӕ цард мыдыкъусау нӕ уыдзӕн.
Ӕппӕтхъомыс ма мемӕ куы уыд, мӕ цот мӕ алыварс куы уыдысты.
Дӕхи-иу сфӕлыстай сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй; лыстӕг гӕнӕй, зӕлдаг ӕмӕ нывӕфтыд хъуымӕцтӕй уыди дӕ дарӕс. Хордтай ӕвзаргӕ ссадӕй конд дзул, мыд ӕмӕ оливӕйы сой. Уыдтӕ ӕвӕджиауы рӕсугъд, ӕмӕ дын бантысти суанг паддзах суын дӕр.
Асиры тыххӕй загъта: „Ӕфсымӕрты арфӕгонддӕр — Асир, йе ’фсымӕртӕн уарзон, сойы йӕ къӕхтӕ ныгъуылдзысты уымӕн.