24 Кӕй-иу сӕм бахудтӕн, уый сӕ уырнгӕ дӕр нӕ кодта, рухс цӕстӕй сӕм куы ракӕсин, уымӕ бӕллыдысты.
Радзырдтой йын: «Йосеф сӕрӕгас у, ӕлдариуӕг кӕны ӕгас Мысыры». Йаков фӕджих ис — нӕ сыл ӕууӕндыди.
Мӕ ныхасмӕ мын ӕнхъӕлмӕ кастысты къӕвдайау, сӕ дзыхтӕ-иу ӕм бадардтой уалдзыгон сахайау.
Ӕз сын фӕндаг амыдтон, цыдтӕн сӕ разӕй, раст цыма паддзах — йе ’фсадимӕ, хъыггӕнджытӕн ныфсӕвӕрӕг уыдтӕн.
Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Сарӕзта йӕ Соломон. Дунедарӕг Йӕхӕдӕг хӕдзар аразынмӕ куынӕ бавнала, уӕд аразджыты фыдӕбон хӕрз дзӕгъӕлы у. Дунедарӕг Йӕхӕдӕг сахар куынӕ хъахъхъӕна, уӕд дзӕгъӕлы лӕууынц цырддзастӕй йӕ хъахъхъӕнджытӕ.
Нывӕндтӕ хӕссут, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕмӕ Дунедарӕгыл уӕ зӕрдӕ дарут.
Цал боны ӕмӕ нӕ цал азы ӕфхӕрдтай, уыдоны ныхмӕ нын циндзинад ратт,
Фыр цинӕй сӕ куы нӕ уырныдта ӕмӕ дисы куы бафтыдысты, уӕд сын загъта: «Хӕринаг уӕм ницы ис?»