Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 29:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Мӕ ныхасыл сӕ дыууӕ ничиуал загътаид, мӕ ныхӕстӕ сӕ уарынау ӕфсӕстой.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 29:22
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уӕздӕттӕн-иу сӕ хъӕлӕс нал хъуысти, се ’взаг-иу сӕ комарынгыл баныхӕст.


Мӕ ныхасмӕ мын ӕнхъӕлмӕ кастысты къӕвдайау, сӕ дзыхтӕ-иу ӕм бадардтой уалдзыгон сахайау.


О, мӕ къайаг! Дӕ былтӕ — адджындӕр мыдӕй, де ’взаджы бынӕй тӕдзы ӕхсыр ӕмӕ мыд, дӕ дарӕсы тӕф — ливайнаг нӕзыты хӕрздӕфау.


Фӕлӕ Уый стыр дисы бафтаудзӕни бирӕ адӕмты. Паддзӕхтӕ багомыг уыдзысты Йӕ разы, уымӕн ӕмӕ сӕхи цӕстӕй фендзысты, цӕй тыххӕй сын никуыма загъдӕуыд, уый, бамбардзысты, цы никуыма фехъуыстой, уый».


«Адӕймаджы фырт! Де ’ргом сараз хуссарӕрдӕм, бартхъирӕн кӕн уыцырдӕм ӕмӕ хуссары хъӕдӕн пехуымпар ныхас зӕгъ.


«Адӕймаджы фырт! Де ’ргом Йерусалимы ’рдӕм сараз ӕмӕ Кувӕндоны ныхмӕ, стӕй Израилы бӕстӕйы ныхмӕ пехуымпариуӕг кӕн!


Ефремӕн-иу йӕ ныхас куы райхъуыст, уӕд-иу адӕмыл ризӕг бахӕцыд. Стыр кад ын уыд Израилы, фӕлӕ Баалы тыххӕй азымджын фӕци ӕмӕ бабын ис.


Уӕдӕ ныр байхъус Дунедарӕджы ныхасмӕ. Ды зӕгъыс, пехуымпариуӕг мауал кӕн Израилы, Исаакы хӕдзарӕн мацыуал дзур, зӕгъгӕ.


Афтӕмӕй та уыдон пехуымпартӕн дзырдтой: «Рагуацтӕ мауал хъусын кӕнут, мах нӕ фӕхудинаг уыдзыстӕм!»


Уыдон Ассири ӕмӕ Нимроды зӕххытӕ кӕрдтӕй басӕтдзысты, ӕмӕ нӕ Уый фервӕзын кӕндзӕн Ассирийӕ.


Ӕмӕ Йесойӕн дзуапп раттын никӕй бон баци. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йӕм бафӕрсынмӕ йӕ ныфс ничиуал хаста.


Цы зонын, уый фемӕхсдзӕни уарынау; уыдзӕни мӕ дзыхы дзырд сӕууон ӕртӕхау, нӕудзарыл тӕрккъӕвда ӕрцӕуӕгау, кӕрдӕгыл саха ныккӕлӕгау.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ