18 Дзырдтон мӕхицӕн: „Мӕ къонайыл уыдзӕни мӕ мӕлӕт, мӕ царды бонтӕн змисау нымӕц нӕ уыдзӕн:
Зӕрдӕ мын куы бавӕрдтай, ауддзынӕн дыл ӕмӕ дын денджызы змисау дӕ байзӕддӕгты сбирӕ кӕндзынӕн, зӕгъгӕ».
Ӕмӕ Йосеф ӕрӕмбырд кодта тынг бирӕ хор, денджызы змисау ын банымайӕн дӕр нӕ уыд.
Фыдлӕджы ӕфсӕртӕ-иу ныссастон, йӕ дзыхӕй-иу ын йӕ амӕттаджы скъахтон.
мӕ уидӕгтӕ донӕфсӕст сты, мӕ къалиутыл ӕртӕх ӕхсӕвиуат кӕны,
Карджынӕй бацӕудзынӕ ингӕнмӕ, йӕ афоныл кӕй банай кодтой, йӕ афоныл найгонд ӕфсирау.
цӕмӕй хъусын кӕной, Дунедарӕг, мӕ къӕдзӕх, рӕстаг кӕй у, уый ӕмӕ Йӕм ӕнӕрастӕй кӕй ницы ис!
О Ливаны цӕрӕг, нӕзы бӕлӕстыл ахстӕттӕ чи скодта, уый! Дӕ хъизӕмӕртты заман арӕг усау ныхъхъӕрздзынӕ!
О къӕдзӕхты цъассыты цӕрӕг, хӕхты цъуппыты хицау! Хъӕхъхъаг ӕмӕ къӕйных кӕй дӕ, ууыл дӕ зӕрдӕ дзӕгъӕлы дардтай. Уӕлиау ахстон скодтай цӕргӕсау, фӕлӕ дӕ Ӕз уырдыгӕй раппардзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. —
Фӕлӕ цӕргӕсау бӕрзонд куы стӕхай ӕмӕ стъалыты астӕу дӕхицӕн ахстон куы сбийай, уӕд дӕ уырдыгӕй дӕр расхойдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг.
Додой йӕ къона, галиу миты фӕрцы йӕ хӕдзары исбоныл чи ӕфтауы, цӕмӕй фыдбылызӕй фервӕза, уый тыххӕй йӕ ахстон бӕрзонд чи саразы, уымӕн!