10 Уӕздӕттӕн-иу сӕ хъӕлӕс нал хъуысти, се ’взаг-иу сӕ комарынгыл баныхӕст.
Мӕ ныхасыл сӕ дыууӕ ничиуал загътаид, мӕ ныхӕстӕ сӕ уарынау ӕфсӕстой.
Бӕрзонд у Дунедарӕг, сӕрныллӕджы дӕр уыны, сӕрыстыры дӕр базоны дардмӕ.
Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ Де ’взаг дӕ комарынгыл баныхӕсдзӕн, багомыг уыдзынӕ ӕмӕ сын дӕ бон уайдзӕфтӕ кӕнын нал суыдзӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон ӕгоммӕгӕс адӕм сты.