9 Адӕймаг та айнӕгыл йӕ тых ӕвзары, хӕхты уидӕгтӕ фӕйлауы.
Дуры хуылфы фӕндаг айгӕрды ӕмӕ дзы хӕзнайӕ цы ис, уыдон басгары.
Сырдты хъалдӕр йӕ фӕндаг ууылты никуы ракодта, домбай йӕ дзӕмбы уыцы ран никуы ӕрӕвӕрдта.
Хӕхтӕ йӕ зонгӕ дӕр нӕ бакӕнынц, афтӕмӕй сӕ ӕваст иуварс куыд ассоны, мӕстыйӕ сӕ куыд фӕфӕлдахы, уый ничи зоны.