7 Тугдзых маргъ сӕм фӕндаг нӕ зоны, уарийы цӕст сыл никуы ӕрхӕцыд.
Уӕлзонды сусӕгтӕ — уӕлзонд бирӕвӕрсыг у — дын куы раргом кӕнид, уӕд базонис, дӕ тӕригъӕдтӕ дын Хуыцау ӕгӕр хорз дӕр ма кӕй бары, уый.
Йӕ къуыбӕртты ӕмбӕхсынц сапфиртӕ, йӕ сыджыты — сыгъзӕрины муртӕ.
Сырдты хъалдӕр йӕ фӕндаг ууылты никуы ракодта, домбай йӕ дзӕмбы уыцы ран никуы ӕрӕвӕрдта.
Рухсы цӕрӕнмӕ фӕндаг кӕуылты у, тары цӕрӕнуат кӕм ис?
Арвӕрттывды фӕндӕгтӕ кӕм сты, скӕсӕйнаг дымгӕ зӕхмӕ кӕуылты тӕхы?
Куыд ӕвидигӕ сты Хуыцауы хъӕздыгад, уӕлзонд ӕмӕ зонындзинӕдтӕ! Кӕй зонд аххӕсдзӕн Йӕ уынаффӕтыл, ӕмӕ Йын чи раиртасдзӕн Йӕ хъуыддӕгтӕ!