4 Ӕрзӕткъахӕн скӕнынц, адӕймаджы къах кӕм не ’рлӕууыди, ахӕм рӕтты, фӕндаггӕттӕй — рох, ӕрцауындзӕг вӕййынц, дзедзырой кӕнынц, адӕмӕй дард сты.
Нойӕн йӕ царды ӕхсӕзсӕдӕ фыццӕгӕм азы дыккаг мӕй куы ралӕууыди, уӕд, ӕвддӕсӕм бон, стыдтой дӕлзӕхх доны ӕппӕт гуырӕнтӕ, фегом сты арвы дуӕрттӕ,
Адӕймаг срухс кӕны тар, ӕрзӕт агурӕг зӕххы арфы, мӕрдон сӕудары балӕууы.
Хор цы зӕххыл ӕрзайы, уымӕн цыма йӕ арф арты батайын кодтой.