Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 28:28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

28 Ӕмӕ загъта адӕймагӕн: „Хуыцауы тас — уый мидӕг ис уӕлзонд, фыддзинадӕй хи хизын — зонды ӕвдисӕн уый у“».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 28:28
25 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ахав йӕ галуаны уагдар Овадиамӕ басидт. (Уый зӕрдиагӕй аргъуыц кодта Хуыцауӕн.


Бӕстӕйы, Уц, зӕгъгӕ, уым, цардис иу лӕг, йӕ ном — Иов. Ӕнаипп ӕмӕ раст адӕймаг, Хуыцауы тас ӕм уыди ӕмӕ йӕхи хызта исты фыддзинад ракӕнынӕй.


Фӕлӕ уӕлзонд кӕм ссардӕуа, зондагур кӕдӕм фӕцыдӕуа?


Уӕдӕ кӕцӕй ӕрцӕуы уӕлзонд? Зонд кӕм ис ссарӕн?


уӕд Уый федта уӕлзонд, сфӕлтӕрдта ӕмӕ йӕ сфидар кодта.


Ӕнӕхуыцау ӕм хӕлӕгӕй мӕлдзӕн, йӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс цӕудзӕн ӕмӕ баруайдзӕн. Ӕнаккӕгты фӕндиӕгтӕ нӕ сӕххӕст уыдзысты!


Раст цыма мӕ лымӕнтӕ, ме ’фсымӕртӕ уыдысты, уыйау-иу сӕ бабӕрӕг кодтон, мӕ мады мӕлӕтыл кӕуӕгау сыл-иу бахъынцъым кодтон.


Дыууиссӕдз азы Ӕз мӕсты уыдтӕн сӕ фӕлтӕрмӕ. Уӕд загътон: «Ацы адӕмӕн сӕ зӕрдӕтӕ адзӕгъӕл сты, Мӕ фӕндӕгтӕ Мын нӕ зонынц».


Уӕлзонды райдиан — Хуыцауы тас; зондамындыл ӕлгъ чи кӕны, уый ӕдылы у.


[Мӕнгард фырт хорзӕй ницы ссардзӕн; ӕмбаргӕ цагъар йӕ хъуыддӕгты уыдзӕни ӕнтыстджын.]


Зондджын фыдбылызӕй тӕрсы, ӕмӕ дзы йӕхи хъахъхъӕны, ӕдылы та — нӕрӕмон ӕмӕ ӕгӕр ныфсхаст.


Рӕстудты фӕндаг фыдбылызӕй бахизы; йӕ фӕндаг чи хъахъхъӕны, уый йӕ уд бавӕры.


Уырнындзинад ӕмӕ рӕстдзинад тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнынц; Дунедарӕгӕй тас фыдбылызӕй бахизы.


Дӕхи цӕсты куырыхон ма у, Дунедарӕгӕй тӕрс, ӕвзӕрдзинадӕй дӕхи хиз, —


Дунедарӕджы раз тас кӕмӕ ис, уымӕн фыддзинад ӕнӕуынон у. Сӕрыстыр ӕмӕ схъӕлдзырд, галиу фӕндаг ӕмӕ мӕнгӕвзаг ӕнӕуынон сты мӕнӕн.


Хуыцауӕй тӕрсын — куырыхон зонды райдиан, Уаз Хуыцауы базонын — ӕмбаргӕ зонды ӕвдисӕн.


Ныр ӕппӕт адӕттӕм куы байхъуыстай, уӕд дын мӕнӕ мӕ ныстуан: кад кӕн Хуыцауӕн ӕмӕ Йын Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн, уымӕн ӕмӕ адӕймагӕй ӕндӕр ницы баззайы ӕнусмӕ.


Уӕхи ӕрӕхсут, ссыгъдӕг кӕнут уӕхи! Уӕ фыдракӕндтӕ Мын мауал уынын кӕнут, уе ’взӕр митӕ ныууадзут!


Сусӕг цы у, уый ис Дунедарӕгмӕ, нӕ Хуыцаумӕ; ӕргом цы у, уый та мыггагмӕ лӕвӕрд у махӕн ӕмӕ нӕ байзӕддагӕн, цӕмӕй бӕстон ӕххӕст кӕнӕм ацы Ӕгъдауы алы дзырд дӕр.


Рох уӕ макуы уӕнт ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут. Уӕд уын ӕппӕт адӕмтӕ фендзысты уӕ куырыхон зонд; ацы уагӕвӕрдтӕ фехъусгӕйӕ, зӕгъдзысты: „Куыд ӕмбаргӕ ӕмӕ зондджын сты ацы стыр адӕм!“


Фӕлӕ Хуыцауы ӕвӕрд фидар бындур уӕддӕр ӕнӕфӕцудгӕ у, ӕмӕ йыл ис мыхуыр мӕнӕ ацы ныхӕстӕй: «Хуыцау зоны Йӕ адӕмы», стӕй: «Дунедарӕджы ном чидӕриддӕр ары, уый тӕригъӕдӕй йӕхи хизӕд».


ныууадзӕд фыдӕх ӕмӕ аразӕд хорз хъуыддӕгтӕ, зӕрдиагӕй тырнӕд фидыдмӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ