Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 28:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 къӕвдатӕн — кӕм уаргӕ сын у, уый, арвӕрттывдӕн фӕндаг куы амыдта,

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 28:26
20 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

уӕд Уый федта уӕлзонд, сфӕлтӕрдта ӕмӕ йӕ сфидар кодта.


Стыр Хуыцауы махӕн нӕ бон базонын нӕу, Йӕ азты нымӕцӕн банымайӕн нӕй.


Уый ӕрӕмбырд кӕны доны ’ртӕхтӕ, ӕмӕ сӕ къӕвдайы ’ртӕхтӕ фестын кӕны.


Чи бамбардзӕн, мигътӕ куыд тӕхынц, уый, ӕрвнӕрды гыбар-гыбур — Йӕ цатыры?


Уый Йӕ армы арвӕрттывд дары, кӕдӕм цӕвын хъӕуы, уый йын амоны.


Хуыцау мигътӕ байдзаг кӕны донӕй, арвӕрттывдтӕ райдзӕгъды ӕврӕгътӕй.


Хъусут, хъусут Йӕ нӕргӕ хъӕлӕсмӕ, ӕрвнӕрды уынӕр цӕуы Йӕ комӕй,


арв ӕгасӕй гыбар-гыбур фестад, зӕххы кӕрӕттӕм хӕццӕ кӕнынц Йӕ судзгӕ фӕттӕ.


Ӕмӕ мӕнӕ ныннӕры Йӕ хъӕлӕс, Йӕ диссаджы хъӕлӕс ныггыбар-гыбур кӕны — алы ранмӕ дӕр хъуысы.


Митӕн фӕзӕгъы: „Зӕхх ӕрӕмбӕрз!“, къӕвдатӕн: „Тынгдӕр уарут!“


Чи сарӕзта сахкъӕвдатӕн донгӕлӕнтӕ, нӕргӕ уадтымыгъӕн — фӕндӕгтӕ,


цӕмӕй, ӕдзӕрӕг, адӕймаг кӕм нӕй, уыцы зӕххытӕ донхорыг кӕной,


ӕвӕд ӕрнӕджытӕ донӕй ӕфсадой, ӕмӕ зайӕгхӕлттӕ сырӕзой зӕххыл.


стыр рухсгӕнӕнтӕ сфӕлдыста — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.


арт ӕмӕ их, мит ӕмӕ мигъ, Йӕ ныхас ӕххӕстгӕнӕг уаддымгӕ,


Дунедарӕг мӕн сфӕлдыста Йӕ фӕндаджы райдиан, Йе ’ппӕт хъуыддӕгты размӕ, рагзаманы.


Ау, адӕмты гуымирытӕн сӕ бон къӕвда раттын у? Ау, арв нын йӕхӕдӕг ратдзӕн къӕвда? Нӕ Дунедарӕг ӕмӕ нӕ Хуыцау Ды нӕ дӕ? Дӕуыл дарӕм нӕ зӕрдӕ, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ Ды аразыс.


Ӕмӕ-иу Ӕз уый тыххӕй мӕнӕугӕрдӕнтӕй ӕртӕ мӕйы раздӕр зӕхмӕ доны ’ртах нал ӕруагътон, иу сахары-иу къӕвда ӕруарын кодтон, иннӕйы та нӕ; зӕххы иу хай-иу донӕй бафсӕстон, иннӕ та-иу бахус ис ӕнӕ донӕй.


Лӕгъстӕ кӕнут Дунедарӕгӕн, цӕмӕй уын афоныл къӕвда ратта. Дунедарӕг сфӕлдисы тӕрккъӕвдатӕ, ратты уын сахкъӕвдатӕ, алкӕмӕн йӕ хоры ӕвзартӕ ссӕуын кӕны.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ