Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 28:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Уымӕн Йӕ цӕст арвгӕронӕй дарддӕр ӕххӕссы, Уый арвы бын алцыдӕр уыны.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 28:24
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕджы цӕстытӕ ӕгас зӕххыл дӕр ӕххӕссынц, иузӕрдион Ыл чи у, уыдонӕн ӕххуыс кӕны. Фӕлӕ ды ацы хатт тынг ӕнӕрхъуыды ми бакодтай, ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕ зӕххыл ӕдзухдӕр уыдзӕни хӕст».


Исты Дын адӕймаджы цӕстытӕ ис, ӕмӕ Ды дӕр адӕймагау кӕсыс?


Уый зоны мӕнгӕрдты; тӕригъӕд куы фена, уӕд ӕй афтӕ куыд ныббардзӕн?


Ӕви мын Хуыцау мӕ фӕндӕгтӕ нӕ уыны, ӕви мын мӕ алы къахдзӕф дӕр нӕ нымайы?


арв ӕгасӕй гыбар-гыбур фестад, зӕххы кӕрӕттӕм хӕццӕ кӕнынц Йӕ судзгӕ фӕттӕ.


цӕмӕй зӕххы кӕрӕттыл аххӕсса ӕмӕ ӕнӕхуыцӕутты зӕххӕй акала;


Зӕххы фӕтӕн искуы сбарстай? Кӕд ӕппӕт уыдӕттӕ зоныс, уӕд-ма сӕ радзур.


йӕ комӕй арт бырсы, зынджы стъӕлфӕнтӕ дзы хауы;


Дунедарӕг фесафдзӕн алы козбау ӕвзаджы хицауы, хиппӕлой ӕвзаг акъуырдзӕн.


Цы схъиут, хӕхтӕ, фырытау, къуылдымтӕ — уӕрыччытау?


Зӕхх тыллӕг радта; Хуыцау нын арфӕ ракӕнӕд, нӕ Хуыцау.


Дунедарӕджы цӕстытӕ алкӕдӕм дӕр кӕсынц: фыдзӕрдӕты дӕр уынынц ӕмӕ, хӕларзӕрдӕ чи у, уыдоны дӕр.


Ацы хъуыддагмӕ йӕ райдианы сӕрбӕрзондӕй чи касти, уыдон дӕр ныццин кӕндзысты, Зоровавелы къухы аразӕн дур куы феной, уӕд. Ацы авд цырагъы сты Дунедарӕджы авд цӕсты, уыдон фӕлгӕсынц ӕгас зӕххыл».


Ӕз федтон: Хуыцау кӕм бады, уыцы бынаты хӕдастӕу лӕууыд Уӕрыкк, Йӕ алыварс та — цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры. Уӕрыккӕн уыди, цыма Йӕ нывондӕн ӕрхастӕуыд, ахӕм хуыз. Уыдис Ын авд сыкъайы ӕмӕ авд цӕсты — ӕппӕт зӕхмӕ кӕй рарвыстӕуыд, Хуыцауы уыцы авд уды.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ