21 Цыдӕриддӕр удгоймаг ис — се ’ппӕтӕй дӕр ӕмбӕхст у, тӕхаг мӕргътӕ дӕр ын ницы зонынц.
Уӕдӕ кӕцӕй ӕрцӕуы уӕлзонд? Зонд кӕм ис ссарӕн?
Аваддон ӕмӕ мӕлӕт зӕгъдзысты: „Йӕ кой йын хъусӕм ӕрмӕст“.
Йесо ма ноджы загъта: «Стауын Дӕ, Мӕ Фыд, арв ӕмӕ зӕххы Хицау, Ды адӕттӕ зондджынтӕ ӕмӕ ӕмбаргӕтӕй кӕй басусӕг кодтай ӕмӕ сӕ сабитӕн кӕй раргом кодтай, уый тыххӕй.
Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: бирӕ пехуымпартӕ ӕмӕ рӕстгӕнджыты фӕндыди, сымах цы уынут, уыдӕттӕ фенын, фӕлӕ сӕ нӕ федтой; сымах цы хъусут, уыдӕттӕ фехъусын, фӕлӕ сӕ нӕ фехъуыстой.
Афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, пехуымпары дзыхӕй цы загъдӕуыди, уый: «Дзурдзынӕн ӕмбисӕндтӕй, фехъусын кӕндзынӕн, дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ сусӕг цы уыдис, уый».
Уӕлзонды ӕмӕ зонынады ӕппӕт арфӕвӕрд хӕзнатӕ Чырыстимӕ сты.