20 Уӕдӕ кӕцӕй ӕрцӕуы уӕлзонд? Зонд кӕм ис ссарӕн?
Фӕлӕ уӕлзонд кӕм ссардӕуа, зондагур кӕдӕм фӕцыдӕуа?
Цыдӕриддӕр удгоймаг ис — се ’ппӕтӕй дӕр ӕмбӕхст у, тӕхаг мӕргътӕ дӕр ын ницы зонынц.
Фӕндаг ӕм зоны ӕрмӕст Хуыцау, ӕрмӕстдӕр Уымӕн у зындгонд, цы ран ис, уый.
Ӕмӕ загъта адӕймагӕн: „Хуыцауы тас — уый мидӕг ис уӕлзонд, фыддзинадӕй хи хизын — зонды ӕвдисӕн уый у“».
Адӕймаджы уӕлзондӕй Дунедарӕг схайджын кӕны, зонд ӕмӕ зонынад Уый дзыхӕй рацӕуынц.
Хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр, стӕй алы ӕххӕст лӕвар дӕр ӕрцӕуынц уӕлӕрвтӕй, иудадзыг иухуызон Чи у ӕмӕ ӕппындӕр Чи нӕ ивы, Уымӕй — рухсы Фыдӕй.
Фӕлӕ уӕ кӕд искӕмӕн йӕ зонд фаг не ’ххӕссы, уӕд алкӕмӕн дӕр рӕдауӕй ӕмӕ ӕнӕ уайдзӕфӕй дӕттӕг Хуыцауӕй ракурӕд, — ӕмӕ йын ратдзӕн.