2 Зӕххӕй самал кӕнынц ӕфсӕн, ӕрзӕтӕй рауадзынц ӕрхуы.
Циллӕ ныййардта Тувал-Каины. Уый сси куырд, ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнагӕй алы дзаума аразӕг. Тувал-Каины хо — Наамӕ.
Ӕз тыхтӕй-амӕлттӕй Дунедарӕджы хӕдзарӕн ӕрцӕттӕ кодтон сыгъзӕрины сӕдӕ мин таланты ӕмӕ ӕвзисты милуан таланты, ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнаджы уӕзӕн та сбарӕн дӕр нӕй, афтӕ бирӕ сты; ӕрцӕттӕ кодтон хъӕдӕрмӕг ӕмӕ дуртӕ дӕр. Ды дӕр ма сӕм бафтаудзынӕ.
Ӕвзистӕн ис ӕрзӕткъахӕн, сыгъзӕринӕн — куынцгом.
Адӕймаг срухс кӕны тар, ӕрзӕт агурӕг зӕххы арфы, мӕрдон сӕудары балӕууы.
сыгъзӕрин, ӕвзист, ӕрхуы, ӕфсӕйнаг, къала ӕмӕ зды —
къӕбӕрцух кӕм нӕ уыдзыстут, хъуаг кӕм ницӕмӕй ӕййафдзыстут, ахӕм бӕстӕм; йӕ дурты ӕфсӕйнаг кӕмӕн ис, йӕ хӕхты ӕрхуы кӕмӕн амал кӕндзыстут, ахӕм бӕстӕм.