15 Сыгъдӕг сыгъзӕринӕй йӕ нӕ балхӕндзынӕ, ӕвзистӕй йӕ нӕ самал кӕндзынӕ.
Фурды хуыдым дзуры: „Мӕнмӕ нӕй“. Денджыз фӕзӕгъы: „Мӕнмӕ дӕр нӕй“.
Офираг зӕринӕй йын саргъгӕнӕн нӕй, зынаргъ дуртӕ сапфир ӕмӕ ониксӕй йӕ нӕ балхӕндзынӕ.
Дзӕнхъа ӕмӕ кораллӕн сӕ кой дӕр ма скӕн, куырыхон зонд лалӕй зындӕр амалгӕнӕн у.
Сыгъдӕг сыгъзӕрины фӕдыл зилыны бӕсты уӕлзонд агурын — хуыздӕр, ӕвзаргӕ ’взист ӕмбырд кӕнынӕй зондыл ӕфтауын — хуыздӕр.
Чи мӕ уарзы, уыдоны уарзын, чи мӕ агуры, уыдон мӕ ссардзысты.
Мӕ дыргътӕ — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй хуыздӕр, сыгъдӕг ӕвзистӕй ӕз фылдӕр пайда ’рхӕсдзынӕн.