13 Адӕймаг ын аргъ нӕ кӕны, цӕрдудтӕ цы зӕххыл цӕрынц, уым ын ссарӕн нӕй.
Фурды хуыдым дзуры: „Мӕнмӕ нӕй“. Денджыз фӕзӕгъы: „Мӕнмӕ дӕр нӕй“.
О Дунедарӕг, ратт уӕлахиз паддзахӕн! Фӕдисхъӕр Дӕм куы ныккӕнӕм, уӕд-иу нӕ фехъус!
«Ау, не ’рӕмбардзысты фыдгӕнджытӕ, мӕ адӕмы мын дзулы хӕрд чи кӕны ӕмӕ Хуыцауы чи нӕ агуры, уыдон?»
Сыгъдӕг сыгъзӕрины фӕдыл зилыны бӕсты уӕлзонд агурын — хуыздӕр, ӕвзаргӕ ’взист ӕмбырд кӕнынӕй зондыл ӕфтауын — хуыздӕр.
Ӕцӕгдзинад агур, уӕлзонд, зондамынд ӕмӕ зонды хӕзнатӕ ма ауӕй кӕн.
Дзырдтон, нӕ фендзынӕн Дунедарӕджы, нӕ фендзынӕн Дунедарӕджы а дунейыл, нал рацӕудзынӕн адӕмы ’хсӕнмӕ.
Ӕрцахстой Йӕ ӕмӕ Йын раст тӕрхон нӕ рахастой. Айстой Йын Йӕ цард, Йӕ адӕмы фыдракӕндты тыххӕй Йӕ амардтой. О, фӕлӕ адӕмӕй Йӕ хъысмӕт кӕй ӕндӕвта?
Мӕн та, ӕууӕндаг уӕрыккау ӕргӕвдынмӕ фӕцӕйкодтой, мӕ ныхмӕ мын цы фыдвӕндтӕ аразынц, уый нӕ зыдтон. Уыдон загътой: «Фесафӕм дидинӕгкалӕг бӕлас, уадз ӕмӕ удӕгӕсты ’хсӕн мауал уа, ферох уа йӕ ном».
Уым — Елам йе ’ппӕт ӕфсӕдтимӕ йӕ цырты алыварс; дӕлдзӕхмӕ ӕнӕсунӕтӕй чи ныццыд, уӕлӕуыл стыр тас чи ӕфтыдта, уыдон иууылдӕр куы бабын сты кардӕй; дӕлдзӕхмӕ чи ныццыди, уыдонимӕ дих кӕнынц сӕ худинаг.