8 Хуыцау кӕмӕн нӕй, уымӕн йӕ зӕрдӕ цӕуыл фӕлӕудзӕн, Хуыцау ын йӕ уд куы айса, уӕд?
Ӕнаккӕгтӕн та сӕ цӕстыты рухс ахуысдзӕн, сӕ сӕр кӕм бафснайой, уый сын нӕ уыдзӕн, сӕ зӕрдӕдарӕн фесӕфдзӕн».
Алы цӕрӕг уд дӕр, алы адӕймаджы царды комулӕфт дӕр Йӕ къухы ис.
ӕмӕ уый фӕрцы фервӕздзынӕн. Ӕнӕхуыцау та Йӕм хӕстӕг бацӕуын дӕр нӕ бауӕнддзӕн!
Уымӕн ӕмӕ ӕнӕхуыцауы къона ӕвӕстаг у, уӕййаг лӕджы цатыр зынджы хай кӕны.
ӕнаккаджы цин бирӕ кӕй нӕ хӕссы, ӕнӕхуыцауы ферад рӕстӕгмӕ кӕй у, уый?
Ме знаг ӕнӕхуыцауы хал ахӕрӕд, мӕ ныхмӕлӕууӕгыл фыдгӕнӕджы бон акӕнӕд!
Ау, фыдбылызы хъуамӕ тӕригъӕдджын ма бахауид, фыдгӕнӕгӕн ма ӕрцӕуид йе сӕфт?
Афтӕ у, Хуыцауы чи ферох кӕны, уыдоны хъуыддаг дӕр, ӕнӕхуыцау адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ амӕлы.
Адӕймаг дуне ӕгасӕйдӕр йӕхи куы бакӕна, йӕ уд та куы фесафа, уӕд ын уый цы пайда у? Кӕнӕ йӕм, йӕ уд цӕмӕй балхӕна, ахӕмӕй цы разындзӕни?
Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, дыдзӕсгӕмттӕ! Адӕмӕн Уӕларвон Паддзахады дуар ӕхгӕнут; уӕхӕдӕг дӕр ӕм нӕ цӕут ӕмӕ йӕм бацӕуын кӕй фӕнды, уыдоны дӕр нӕ уадзут.
Адӕймаг ӕгас дуне йӕхи куы бакӕна, йӕхи та куы фесафа кӕнӕ куы фӕсахъат кӕна, уӕд ын уый цы пайда у?
Фӕлӕ мах зонӕм, Хуыцау тӕригъӕдджынтӕм кӕй нӕ хъусы, уый. Чи Йӕ нымайы ӕмӕ Йын Йӕ фӕндон чи ӕххӕст кӕны, Хуыцау уымӕ хъусы.
Фӕстӕмӕ куы ӕрбаздӕхтыстут, уӕд ма Дунедарӕджы раз бӕргӕ дзынӕзтат, фӕлӕ уӕм не ’рыхъуыста Дунедарӕг.
Уӕд ныккӕрздзыстут ӕмӕ хъаст кӕндзыстут, уӕхицӕн цы паддзах равзӕрстат, уымӕй, фӕлӕ уӕм Дунедарӕг нал ӕрыхъусдзӕн».