Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 27:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 «Цардӕгас у Хуыцау, раст тӕрхоны аккаг мӕ Чи не скодта, Цардӕгас у Ӕппӕтхъомыс, хъизӕмӕртты хай мӕ Чи фӕкодта!

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 27:2
26 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йоав ын дзуапп радта: «Хуыцауӕй ард хӕрын, уыцы ныхӕстӕ раздӕр куы загътаис, уӕд мӕ адӕм абон сӕумӕйӕ ныууагътаиккой се ’фсымӕрты цӕгъдын».


Галаадмӕ балидзӕг адӕмӕй иу лӕг, тишбийаг Илийа, Ахавӕн загъта: «Сомы дын кӕнын Дунедарӕгӕй, Израилы Хуыцауӕй, лӕггад Кӕмӕн кӕнын, Уымӕй: къорд азы дӕргъы нӕ уыдзӕни нӕдӕр къӕвда, нӕдӕр ӕртӕх, цалынмӕ ӕз нӕ зӕгъон, уӕдмӕ».


Илийа йын зӕрдӕ бавӕрдта: «Сомы дын кӕнын Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕй, лӕггад Кӕмӕн кӕнын, Уымӕй, абон мӕхи равдисдзынӕн Ахавмӕ».


Фӕлӕ Хуыцауы ӕвзӕрст лӕгмӕ куы схӕццӕ ис Кармелы хохмӕ, уӕд йӕ разы ныддӕлгом ӕмӕ йын йӕ къӕхтӕн ныхъхъӕбыс кодта. Гиези йӕ иуварс акӕнинаг уыди, фӕлӕ йӕ Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг баурӕдта: «Ныууадз ӕй, йӕ зӕрдӕ рыст у, фӕлӕ йӕ Дунедарӕг мӕнӕй басусӕг кодта, нӕ мын ӕй схъӕр кодта».


Хорз Дӕм кӕсы Де сконд адӕймаджы ’фхӕрын ӕмӕ йыл Дӕхи тигъ кӕнын, ӕнаккӕгтыл та аудын?


Ӕнӕхуыцӕутты амӕттаг мӕ бакодта Хуыцау, ӕнаккӕгты къухтӕм мӕ радта.


уӕд зонут: Хуыцау мӕ афӕлдӕхта, Уый мӕ баппӕрста цъысымы.


Хуыцау мын мӕ уды хъару басаста, Ӕппӕтхъомыс мын тас бауагъта мӕ зӕрдӕйы.


Мӕнӕ Иов загъта, ӕз, дам, раст дӕн, Хуыцау та мын мӕ хъуыддаг не ’взары.


«Афтӕ дӕм кӕсы, ӕмӕ рӕстдзинад де ’рдыгӕй ис? Ды загътай: „Ӕз Хуыцауӕй растдӕр дӕн ӕви?“


Иууылдӕр иумӕ сӕ дӕлдзӕхы баныгӕн, ныккӕнды дуӕрттӕ сыл сӕхгӕн.


Уаддымгӕйау мыл Йӕхи ныццавта, ӕнаххосӕй мӕ хойы ӕмӕ хойы.


Сулӕфын дӕр мӕ нӕ уадзы, мастӕй мӕ скодта мӕ хъуырмӕ.


Израилы адӕм, Йаковы байзӕддӕгтӕ, куыд дзурут сымах, Дунедарӕг Хуыцау ныл нӕ тыхсы, ферох нӕ кодта, зӕгъгӕ?


Ӕмӕ кӕд ӕцӕгӕлӕттӕ Мӕ адӕмы фӕндӕгтыл сахуыр уой ӕмӕ Дунедарӕджы номӕй сомы кӕной, кӕддӕр сӕхӕдӕг Мӕ адӕмы Баалӕй сомы кӕнын куыд сахуыр кодтой, афтӕ, уӕд Мӕ адӕмы ’хсӕн ӕрфидар уыдзысты.


Уыдон сомы кӕнынц Дунедарӕгӕй, фӕлӕ сӕ сомытӕ мӕнг сты».


Зӕгъ сын: „Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — Мӕн нӕ фӕнды, цӕмӕй тӕригъӕдджын амӕла, уый. Мӕн фӕнды, цӕмӕй йӕ фыдвӕндӕгтӕ ныууадза ӕмӕ цӕра. Раздӕхут, уе ’наккаг митӕ ныууадзут! Израилы адӕм, уӕхи цӕмӕн сафут?“


Фӕлӕ Ӕз сомы кӕны Мӕхицӕй ӕмӕ, ацы зӕхх йемыдзаг кӕмӕй у, Дунедарӕджы уыцы кадӕй,


Ныр уал бахсӕвиуат кӕн. Йӕ хӕс куыд у, афтӕ дӕ йе ’вджид бакӕныныл кӕд сразы уа уыцы къабаз райсом, уӕд хорз; кӕд ӕй нӕ бафӕнда, уӕд та дӕ, сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, мӕхи ӕвджид бакӕндзынӕн! Амӕй ӕрбабонмӕ уал хуысс».


Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, Израилӕн уӕлахиз чи радта, Уымӕй — суанг мӕ фырт Ионатан куы разына азымджын, уӕд уый дӕр ӕнӕмӕнг мард ӕрцӕудзӕн!» Фӕлӕ йын ӕппӕт адӕмӕй дзуапп ничи радта.


Фӕлӕ адӕм Саулӕн загътой: «Ау, Ионатан хъуамӕ амӕла, Израилӕн ахӕм стыр уӕлахиз чи ӕрхаста, уый? Тобӕ зӕгъ! Сомы кӕнӕм Дунедарӕгӕй, йӕ сӕрӕй иу ӕрду дӕр не ’рхаудзӕн, уымӕн ӕмӕ йын абон Хуыцау радта уыцы уӕлахиз». Афтӕмӕй адӕм фервӕзын кодтой Ионатаны: йӕ сӕры хыгъдмӕ ӕрхастой нывонд, ӕмӕ сӕрӕгасӕй баззади.


Стӕй арвитдзынӕн иу лӕппуйы. Зӕгъдзынӕн ын: „Ацу ӕмӕ фӕттӕ ссар“. Афтӕ йын куы зӕгъон: „Уӕртӕ фӕттӕ дӕ фӕстӕ сты ӕмӕ сӕ райс“, уӕд-иу рацу. Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, ӕдас уыдзынӕ, ницы фыдбылыз дӕм кӕсы.


Дунедарӕг дӕ абон бахызта, ме ’лдар, туг ныккалыны тӕригъӕдӕй, дӕ маст дӕхи къухӕй райсынӕй. Ме ’лдар, сомы кӕнын Дунедарӕгӕй ӕмӕ дӕуӕй, Навалы хал ахӕрдзысты де знӕгтӕ, ме ’лдары ныхмӕ фыдвӕндтӕ аразджытӕ.


Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, Израилы Хуыцауӕй, дӕуӕн мӕ фыдбылыз ракӕнынӕй Чи бахызта, Уымӕй: ды ӕвӕстиатӕй мӕ размӕ куынӕ рацыдаис, уӕд райсоммӕ Навалы адӕмӕй иу лӕг дӕр удӕгасӕй нал ныууагътаин».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ