Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 27:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Йӕ рӕбыны уал ӕвзист ӕрӕфснайӕд фӕныкау, йӕ дарӕс сбирӕ уӕд ӕлыгау.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 27:16
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Соломоны заманы ӕвзист Йерусалимы арӕх уыди хуымӕтӕг дурау, кедр та, хохрӕбын цы сикомортӕ зайынц, уыдонау.


Аманмӕ, иудейӕгты знагмӕ, исбонӕй цыдӕриддӕр уыди, уый тӕккӕ уыцы бон паддзах Ксеркс ӕхсин-паддзах Естерӕн радта, Мардохеймӕ та фӕсидти, уымӕн ӕмӕ йын Естер раргом кодта, Мардохей йын цы бавӕййы, уый.


Цард ыл не ’рхӕцдзӕн, бын не скӕндзӕн, зӕххыл не ’рбынӕттон уыдзӕн.


Йӕ цот мӕгуыргурты раз козбау митӕ кӕндзысты, хӕлӕттаг ын фӕкӕндзысты йӕ мулк.


Дӕ хӕзнатӕм рыджы цӕстӕй акӕс, офираг сыгъзӕрин дойнаг дуртыл банымай.


Удӕгасӕй сӕ чи баззайы, уыдоны рын фӕхӕсдзӕн, ӕмӕ сыл сӕ идӕдзтӕ не скӕудзысты.


Йӕ райст-бавӕрд дарӕс раст лӕгӕн баззайдзысты, йе ’взистытӕ, ӕнӕтӕригъӕд чи у, уыдоны хай бауыдзысты.


йӕ сыгъзӕринтӕн ныккӕнӕн кӕмӕн нӕ уыд, йӕ хӕдзар ӕвзистӕй чи байдзаг кодта, уыцы бонджын ӕлдӕрттимӕ.


Тӕригъӕдджынӕн йӕ фӕдыл цӕуы фыдбылыз, рӕстуды хӕрзиуӕг — ӕвыдӕй цӕрын.


Хуыцауӕн фӕндиаг чи у, уымӕн зонд, куырыхондзинад ӕмӕ циндзинад ратты. Тӕригъӕдджынӕн дӕр кусын ӕмӕ йӕ къӕбицтӕ дзаг кӕныны зонд Хуыцау ратты, фӕлӕ искӕд бон йӕ фӕллӕйттӕ, Хуыцауы зӕрдӕ чи балхӕдта, уый къухмӕ ӕрхауынц. Ӕмӕ та уыдӕттӕ дӕр аивгъуыйынц, уыдон дӕр, дымгӕ ӕрцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай не сты.


Фӕлӕ йыл уыдон сӕхи худӕгӕй хӕсдзысты ӕмӕ, хынджылӕггӕнгӕ, дзурдзысты: «Додой йӕ къона, искӕй фӕллӕйттӕ чи ссивы, тыхтонайы фӕрцы йӕ исбоныл чи ӕфтауы, уымӕн! Бирӕ ма дын бантысдзӕн?!»


Кӕут, Махтешы цӕрджытӕ, уымӕн ӕмӕ сӕудӕджертӕ ӕмӕ уӕйгӕнджытӕ иууылдӕр бындзагъд фӕуыдзысты!


Тир йӕхицӕн фидӕрттӕ сарӕзта, рыгау ӕм сбирӕ ис ӕвзист, цъыфау — сыгъзӕрин.


Зӕххыл уӕхицӕн хӕзнатӕ ма ӕмбырд кӕнут — ам сӕ рӕмпӕг ӕмӕ згӕ бахӕрынц, хуыснӕджытӕ сӕм баирвӕзынц ӕмӕ сӕ адавынц.


Уӕ мулк бамбыди, уӕ дарӕс уын бахордта рӕмпӕг.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ