14 цыфӕнды бирӕ ма уӕд йӕ хъӕстӕ — кардылӕфтыд фӕуыдзысты, йӕ байзӕддӕгтӕ сыдӕй мӕлдзысты.
Йӕхицӕй ӕппӕлынӕй сын нал ӕфсӕсти — куыд кадджын ӕмӕ бонджын у, куыд бирӕ фырттӕ йын ис, куыд хъулон у паддзахӕн иннӕ уӕздӕттӕ ӕмӕ дӕлбарты ’хсӕн.
Саудалынгӕй фервӕзыны ӕнхъӕл нал у, марӕн цыргъаг ӕм ӕппынӕдзух дардӕуы.
Нӕдӕр ын цот ис, нӕдӕр цоты цот, адӕмы ’хсӕн йӕ хӕдзар дзӕгъӕлӕй баззайдзӕни.
Йӕ цот мӕгуыргурты раз козбау митӕ кӕндзысты, хӕлӕттаг ын фӕкӕндзысты йӕ мулк.
Тыхджын домбай ӕнӕ амӕттагӕй амӕлы, мадӕл домбайӕн йӕ лӕппынтӕ алырдӕмты ныххӕлиу вӕййынц.
Уымӕн ӕмӕ ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ дзурдзысты: „Тӕхудиаг сты, сывӕллон чи нӕ ныййардта ӕмӕ йӕ риуы ’хсырӕй хъӕбул чи не схаста, уыцы ӕнӕзӕнӕг сылгоймӕгтӕ!“
Дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджытӕ ӕцӕгӕлон адӕмы хай бауыдзысты. Бонӕй-бонмӕ дӕ цӕстытӕ ныуурс уыдзысты, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, фӕлӕ дӕ бон ницы уыдзӕн.
Фырттӕ ӕмӕ чызджыты хицау бауыдзыстут, фӕлӕ уемӕ нӕ баззайдзысты — уацары сӕ акӕндзысты.
Ӕфсӕст чи уыди — къӕбӕрыл кусынц, ӕххормаг чи уыди — уыцы сӕр сӕ нал хъӕуы. Ӕнӕзӕнӕг ныййардта авд хъӕбулы, бирӕзӕнӕгджын та иунӕгӕй ’руайы.