Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 26:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Уый айтыгъта цӕгат афтид тыгъдады сӕрмӕ, ницӕуыл ӕрцауыгъта зӕхх.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 26:7
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йӕ бындуртӕ цӕуыл ӕнцайынц, сӕрӕвӕрӕн дур ын чи сӕвӕрдта,


Уый райтындзы уӕлӕрвтӕ, денджызты рӕгътыл лӕгӕрды.


Мӕ Хуыцау! Дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ, уадз ӕмӕ ма фӕхудинаг уон, ма мыл фӕуӕлахиз уой ме знӕгтӕ.


Сахуыр нӕ кӕн нӕ царды бонтӕ афтӕ нымайын, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ суа куырыхон.


О Дунедарӕг, раздӕх нӕм! Кӕдмӕ нӕм мӕсты кӕндзынӕ? Батӕригъӕд кӕн Дӕ цагъартӕн!


Ау, ницы ’мбарут? Ницы фехъуыстат? Нӕ уын загъдӕуыди тӕккӕ райдианӕй? Зӕхх Чи скодта, уый уын ӕнӕзонгӕ у?


Зӕххы зиллаккӕн йӕ сӕрмӕ бады Уый. Зӕххыл чи цӕры, уыдон цъырцъырӕгтӕй уӕлдай не сты. Уый та уӕлӕрвтӕ айтыгъта уӕздан уӕфтӕй, ӕрцарӕзта сӕ цатырау, цӕмӕй сӕ быны уа цӕрӕн.


Уӕ цӕстытыл схӕцут уӕлӕмӕ, скӕсут уӕлӕрвтӕм ӕмӕ ахъуыды кӕнут, Чи сӕ сфӕлдыста, Ууыл. Чи сфӕлдыста уый бӕрц стъалытӕ? Чи сӕ базмӕлын кодта ӕнӕнымӕц ӕфсадау? Уый сӕ алкӕцымӕ дӕр дзуры йӕ номӕй. Иумӕ дӕр сӕ нӕ фӕвӕййы ӕнӕ фӕсидгӕ.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, уӕлӕрвтӕ Чи сфӕлдыста ӕмӕ сӕ Чи айтыгъта, зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уыдон сфӕлдисӕг, зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн царды комулӕфт Чи ратты, чидӕриддӕр зӕххыл цӕры, уыдонӕн царды комулӕфт Чи балӕвар кӕны, Уый:


Дунедарӕг хъусын кӕны рагуац, Израилмӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй. Уӕлӕрвтӕ Чи айтыгъта, зӕхх Чи сфӕлдыста ӕмӕ адӕймаджы царды комулӕфт Чи бауагъта, уыцы Дунедарӕг афтӕ зӕгъы:


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ