14 Уый ӕрмӕст — Йӕ хъуыддӕгты чысыл хай, куыд гыццыл фехъуыстам Уый тыххӕй! Уӕдӕ Йын Йӕ хъомысы нӕрын та кӕй зонд ӕрцахсдзӕн?»
Чи бамбардзӕн, мигътӕ куыд тӕхынц, уый, ӕрвнӕрды гыбар-гыбур — Йӕ цатыры?
Ӕмӕ мӕнӕ ныннӕры Йӕ хъӕлӕс, Йӕ диссаджы хъӕлӕс ныггыбар-гыбур кӕны — алы ранмӕ дӕр хъуысы.
Дисы ӕфтауы Хуыцауы хъӕлӕс, зонд нӕ ахсы Йе стыр хъуыддӕгтӕ.
Раргом ис сусӕг дзырд мӕ удӕн, мӕ хъустӕ мынӕг ныхас ӕрцахстой.
Уӕд Ӕз Мӕхӕдӕг дӕр баууӕнддзынӕн, дӕ рахиз къух дӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн, ууыл.
Нырмӕ Дын ӕрмӕст Дӕ кой хъуыстон, ныр та Дӕ мӕ цӕстӕй уынын.
Хъалтӕ мын мӕ развӕндагыл сӕвӕрдтой къӕппӕджытӕ, ахсӕн хызтӕ ӕрытыдтой.
Уӕ зӕрдӕ ма дарут нӕдӕр хицӕуттыл, нӕдӕр адӕймагыл — уый уын ирвӕзындзинад не ’рхӕсдзӕн.
Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Скуывтон Дӕм, ӕмӕ мӕ сдзӕбӕх кодтай.
Царды комулӕфт кӕцӕй фӕзыны ӕмӕ сывӕрджын сылгоймаджы гуыбыны сывӕллоны стджытӕ куыд сӕвзӕрын кӕны, уый куыд ничи зоны, афтӕ, алцы Кӕй архайды фӕрцы сырӕзы, уыцы Хуыцауы хъуыддӕгтӕ дӕр ничи бамбардзӕн.
Тӕмӕнтӕ калы хурау, Йӕ къухтӕй рухс тынтӕ фӕйнӕрдӕм ивылынц, сӕ мидӕг ӕмбӕхст у Йӕ хъомыс.
Куыд ӕвидигӕ сты Хуыцауы хъӕздыгад, уӕлзонд ӕмӕ зонындзинӕдтӕ! Кӕй зонд аххӕсдзӕн Йӕ уынаффӕтыл, ӕмӕ Йын чи раиртасдзӕн Йӕ хъуыддӕгтӕ!
Дунедарӕг ныссӕрфдзӕн Йӕ фыдгулты, уӕлӕрвтӕй сыл ныннӕрдзӕн. Дунедарӕг тӕрхонгӕнӕг у зӕххы цъарӕн йӕ иу кӕронӕй йӕ иннӕ кӕронмӕ. Уый Йӕ паддзахӕн йӕ тыхыл ӕфтауы, Йӕ байсӕрстӕн Уый хъомыс дӕтты».