13 Йӕ комулӕфтӕй раирд вӕййы арв, Йӕ къух ӕрцӕвы цъыгъгъуытгӕнӕг калмы.
Зӕхх уыди ӕдзӕрӕг ӕмӕ афтид, ӕнӕбын тыгъдад уыди ӕмбӕрзт саудалынгӕй, Хуыцауы Уд та зылди доны сӕрмӕ.
Уый райтындзы уӕлӕрвтӕ, денджызты рӕгътыл лӕгӕрды.
Галхӕфсытӕй нал зынди сӕ зӕхх, байдзаг сӕ ис паддзахӕн йӕ уат.
Уыцы бон Дунедарӕг Йӕ уӕззау, стыр ӕмӕ ӕгъатыр кард ӕруадздзӕн йӕ сӕр ӕфснайынмӕ тындзӕг Левиафаныл, ратас-батасгӕнӕг залымыл — амардзӕни Левиафаны.
Ӕмӕ стыр залым, хӕйрӕг ӕмӕ сайтан кӕй хонынц, ӕппӕт дуне чи фӕливы, уыцы рагон калм, ӕппӕрст ӕрцыд йӕ бынатӕй. Йемӕ йын зӕхмӕ раппӕрстӕуыд йӕ зӕдты дӕр.