6 Уӕлдайдӕр та адӕймаг — зулкъ йеддӕмӕ ницы у, адӕмы цот рӕмпӕгӕй уӕлдай не сты».
Авраам афтӕ бакодта: «Ӕз цы дӕн, уымӕй — рыг ӕмӕ фӕнык, фӕлӕ, зӕгъын, мӕ ныфс куы бахӕссин ӕмӕ Бардарӕджы куы бафӕрсин:
Марды чырын хонын мӕ фыд, уаллоны — мӕ мад, мӕ хо.
Ӕмӕ дзуапп радта Иов:
Цы загъдӕуа уӕд, сӕ бындур зӕххы рыг кӕмӕн у, ӕлыгӕй конд хӕдзӕртты чи цӕры, рӕмпӕгӕй ӕнцондӕр ӕртъӕппгӕнӕн кӕй ис!
Уый аккаг у адӕймаг, ӕмӕ йӕ Ды афтӕ скадджын кӕнай ӕмӕ дзы Дӕ цӕст ма исай?
Цалынмӕ удӕгас дӕн, уӕдмӕ Дӕ фарн ӕмӕ Дӕ хорзӕх мемӕ уӕнт, ӕмӕ уӕд бирӕ бонтӕ арвитдзынӕн Дунедарӕджы хӕдзары.
Ма тӕрсут, Израилы адӕм, Йаковы байзӕддӕгтӕ! Къуыдыргалмау ӕнӕбон куы уат, уӕд дӕр Ӕз уӕ фарсмӕ дӕн ӕмӕ уын баххуыс кӕндзынӕн. Ӕз — Дунедарӕг, Израилы Стыр Хуыцау — ссӕрибар кӕндзынӕн сымах.