8 Сахкъӕвдайы ныддонласт вӕййынц хӕхты, адӕргӕй айнӕджытӕм сӕхи нылхъивынц.
Ӕхсӕв бӕгънӕгӕй ныххуыссынц, дзаума дӕр, стӕй, сӕхи уазалы цӕмӕй ӕрӕмбӕрзой, уый дӕр сын нӕй.
Дзидзидай сидзӕры йӕ мады риуӕй ратонынц, хӕсты ныхмӕ мӕгуыр адӕмӕн сӕ сабиты байсынц цъынды.
— Фынӕй кӕнын, фӕлӕ мӕ зӕрдӕ хъал у, ӕз хъусын — хойы мӕм мӕ уарзон: «Мӕ хо, мӕ уды гага, мӕ сыгъдӕг бӕлон, байгом мын кӕн дуар! Ӕхсӕвы уымӕлӕй мӕ сӕры хъуын ныддонласт».
Йӕхи-иу куывдты чи ирхӕфста, уый ныр уынджы аззад, алцӕмӕй — ӕнӕ хай. Зынаргъ дарӕсты чи схъомыл ис, уый дӕр ныр бырӕттыл куы зилы!
Ӕппӕт дуне кӕй аккаг нӕ уыди, уыдон рахау-бахау кодтой ӕдзӕрӕг быдырты ӕмӕ хӕхты, лӕгӕтты ӕмӕ цъассыты.