7 Ӕхсӕв бӕгънӕгӕй ныххуыссынц, дзаума дӕр, стӕй, сӕхи уазалы цӕмӕй ӕрӕмбӕрзой, уый дӕр сын нӕй.
Бон-иу ӕнтӕфӕй тыхстӕн, ӕхсӕв — уазалӕй, ӕмӕ-иу мӕ хуыссӕг фӕлыгъди.
Ды ницӕй тыххӕй дӕр де ’фсымӕртӕй цъынды домдтай, бӕгънӕгӕн-иу йӕ фӕстаг бызгъуыр дӕр раластай йӕ уӕлӕйӕ.
Цӕуынц бӕгънӕгӕй, дзаума сын нӕй, ӕххормагӕй куыристӕ фӕхӕссынц.
Кӕйдӕр быдыртӕ кӕрдынц, ӕнӕхуыцауы сӕндоны рох гагатӕ уидзынц.
Сахкъӕвдайы ныддонласт вӕййынц хӕхты, адӕргӕй айнӕджытӕм сӕхи нылхъивынц.
Йӕ бинонтӕн митӕй тас нӕу, се ’ппӕтыл дӕр — дывӕлдах хъуымацӕй дарӕстӕ;
Дӕ къӕбӕр адих кӕн стонгимӕ, рахау-бахаугӕнӕг мӕгуыры дӕ хӕдзармӕ бахон, гомгӕрцц адӕймагыл уӕлӕдарӕс скӕн. Дӕ адӕмӕй ӕххуысхъуаг чи у, уымӕй дӕхи ма аиуварс кӕн.
Ӕппӕт Иудейы, Галилейы ӕмӕ Самарийы аргъуантӕ хъыгдард нал ӕййӕфтой, фидар кодтой, Хуыцауы тас сӕм уыди, Сыгъдӕг Уды ӕххуысӕй ӕфтыди уырнджыты нымӕцыл.