6 Кӕйдӕр быдыртӕ кӕрдынц, ӕнӕхуыцауы сӕндоны рох гагатӕ уидзынц.
Доны сын аирвӕзӕн нӕй, сӕ зӕххы хай — ӕлгъыст, сӕ сӕндӕттӕ ӕнӕвнӕлдӕй лӕууынц.
Тыгъд быдыры цы хӕрджытӕ хӕтынц, уыдонау мӕгуыртӕ сӕумӕйӕ ӕфтиаг агурӕг рацӕуынц; зилынц тыгъд быдыры — сӕхицӕн ӕмӕ сӕ сабитӕн хойраджы фӕдыл.
Ӕхсӕв бӕгънӕгӕй ныххуыссынц, дзаума дӕр, стӕй, сӕхи уазалы цӕмӕй ӕрӕмбӕрзой, уый дӕр сын нӕй.
кӕд ын йӕ тыллӕгӕй лӕвар пайда кодтон, ӕмӕ мӕ зӕхкусджытӕ сӕ хъуырмӕ систы,
Таугӕ цы бакӕнай, уый не ’ркӕрддзынӕ; сойы гагатӕ балӕмардзынӕ, фӕлӕ дӕхи сойӕ нӕ байсӕрддзынӕ, сӕнӕфсиртӕ бассӕнддзынӕ, фӕлӕ сӕн нӕ нуаздзынӕ.
Дӕ зӕххы тыллӕг ӕмӕ дӕ къухты фӕллой дын, кӕй никуы зыдтай, уыцы адӕм хӕрдзысты, ды та дӕ бонтӕ ссӕст ӕмӕ ӕфхӕрдӕй тондзынӕ.
Уӕ фос ӕмӕ уын уӕ зӕххы тыллӕг аныхъуырдзысты, ӕмӕ бацарӕфтыд уыдзыстут. Хоры гага, сӕны цъыртт ӕмӕ уын оливӕйы сойы ӕртах нал ныууадздзысты, уе стуртӕ ӕмӕ фысвосӕй уӕ ӕнӕхай фӕкӕндзысты, ӕмӕ фесӕфдзыстут.