Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 24:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Тыгъд быдыры цы хӕрджытӕ хӕтынц, уыдонау мӕгуыртӕ сӕумӕйӕ ӕфтиаг агурӕг рацӕуынц; зилынц тыгъд быдыры — сӕхицӕн ӕмӕ сӕ сабитӕн хойраджы фӕдыл.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 24:5
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дӕ лӕппу, хъӕддаг хӕрӕгау, алкӕмӕ лӕбурдзӕни, йе ’мтуг адӕмтимӕ нӕ фидаудзӕн».


Дӕ карды фӕрцы дардзынӕ дӕхи ӕмӕ уыдзынӕ де ’фсымӕры цагъар. Фӕлӕ уӕд иу бон сыстдзынӕ йӕ ныхмӕ — дӕ бӕрзӕйӕ куы раппардзынӕ йе ’фсондз».


Абырджыты хӕдзӕрттӕ цӕрӕг сты, Хуыцауы чи мӕсты кӕны, уыдон ӕдас сты, цыма Хуыцау сӕ къухы ис, уыйау.


Лӕгмар ӕхсӕвӕй сысты, мӕгуыры ӕмӕ мӕгуыргуры амары, ӕхсӕвыгон та давгӕ кӕны.


Кӕйдӕр быдыртӕ кӕрдынц, ӕнӕхуыцауы сӕндоны рох гагатӕ уидзынц.


Ӕххормаг лӕг ын бахӕрдзӕн йӕ тыллӕг — какон сындз дӕр ӕй нӕ бауромдзӕн, цыбӕлгӕнӕг ын бацахсдзӕн йӕ исбон.


Ӕмӕ Мысырмӕ ’рбацыдис Израил, ӕрбынат кодта Хамы зӕххыл Йаков.


Уыдон исты фыдбылыз куынӕ саразой, уӕд сыл ӕхсӕв хуыссӕг нӕ хӕцы, искӕмӕн знаггад куынӕ ракӕной, уӕд ӕхсӕвыгон фынӕй нӕ кӕнынц.


Сыл хӕрӕг ӕдзӕрӕг быдыры куы схъомыл уа ӕмӕ йын фыр монцӕй уӕлдӕф дӕр куынӕуал фаг кӕна, уӕд ӕй кӕй бон суыдзӕн бауромын? Кӕй хъӕуа, уый йӕ ӕнцонӕй ссардзӕни йӕ хъазын афон.


Уымӕн ӕмӕ уыдон цъӕх арт уадзынц кӕрдзынгӕнӕджы пецау, мӕнгарддзинадӕй семыдзаг сты: ӕхсӕвыгон сӕхи ӕвдисынц зӕрдӕхӕларӕй, райсомӕй та сӕ фыдӕх пецау ссудзы.


Иунӕгӕй чи хъеллау кӕны, уыцы хъӕддаг хӕрӕгау ацыдысты Ассиримӕ, ӕмӕ Ефрем зӕрдӕлхӕнӕн лӕвӕрттӕ кодта.


Додойаг сты, фыдвӕндтӕ чи кӕны, хуыссӕны дӕр фыдбылызтӕ чи мысы ӕмӕ, боныцъӕхтӕ нӕма ралӕууынц, афтӕмӕй сӕ хъаруйы фӕрцы фыдракӕндтӕ чи аразы, уыдон!


Йӕ уӕздӕттӕ рыхынц домбӕйттау, йӕ тӕрхоны лӕгтӕ ӕхсӕвдзу бирӕгътау райсоммӕ стӕг нал ныууадзынц.


Йесойы сӕумӕйӕ Каиафӕйӕ акодтой бӕстӕйы хицауы галуанмӕ. Иудейӕгтӕ сӕхӕдӕг мидӕмӕ нӕ бацыдысты, цӕмӕй сӕхи ма фӕчъизи кӕной ӕмӕ сын Куадзӕны фынгӕй хӕрын ӕмбӕла.


Куы сбон ис, уӕд иудейӕгтӕй иуӕй-иутӕ сусӕгӕй баныхас кодтой ӕмӕ ард бахордтой, цалынмӕ Павелы амарой, уӕдмӕ хӕргӕ дӕр ӕмӕ нуазгӕ дӕр кӕй нӕ бакӕндзысты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ