25 Кӕд афтӕ нӕу, уӕд мӕ багӕды кӕнут, мӕ ныхӕсты ныхмӕ исты зӕгъут».
«Куырыхон лӕг уӕлӕнгай ныхас нӕ кӕны, скӕсӕйнаг фыддымгӕйӕ йӕхи нӕ ныддымсы.
Уӕд ын дзуапп радта Билдад, шуахаг:
уӕдмӕ ме ’взаг гӕды ныхас нӕ зӕгъдзӕни, уӕдмӕ мӕнг ныхас не ссӕудзӕни мӕ дзыхӕй.
Ӕрбакӕсут-ма мӕм, уӕхи раз уӕ нӕ асайдзынӕн!
Фыдгӕнджыты къухы ис зӕхх, ӕмӕ тӕрхоны лӕгты цӕстытӕ кӕд Уый нӕ бакуырм кӕны, уӕд чи?