24 Куыддӕр сӕхиуыл фервӕссой, афтӕ ӕрбайсӕфдзысты: иннӕтау ӕрхаудзысты ӕмӕ амӕлдзысты; мӕнӕуы ӕфсиртау карст ӕрцӕудзысты.
Йӕ зӕнӕг рӕгъмӕ рацыдысты ӕви нӕ, уый нӕ зондзӕн; исчи сӕ ӕфхӕры ӕви нӕ, уый нӕ фендзӕн.
ӕнаккаджы цин бирӕ кӕй нӕ хӕссы, ӕнӕхуыцауы ферад рӕстӕгмӕ кӕй у, уый?
Амондджынӕй ӕрвитынц сӕ цард, ӕнӕ удхарӕй ацӕуынц мӕрдтыбӕстӕм.
ӕхцон ын уыдзӕн дӕлвӕзы сыджыт, йӕ мӕрддзыгойӕн нымӕц нӕ уыдзӕн.
Де знӕгтӕ худинаджы бын фӕуыдзысты, ӕнаккӕгтӕ хӕдзархӕлдӕй баззайдзысты».
О Дунедарӕг, зоныс мын мӕ бӕллицтӕ, мӕ иу сулӕфт дӕр сусӕг нӕу Дӕуӕй.
Дӕ бӕлоны уд знӕгты къухмӕ ма ратт, Дӕ зӕрдӕсаст адӕмы рохуаты ма ныууадз бынтон.
Скӕсы хур, ӕмӕ йӕ тӕвдӕй дидинӕг бахус вӕййы ӕмӕ ӕрызгъӕлы, йӕ рӕсугъддзинад ӕрбайсӕфы. Афтӕ хъӕздыг дӕр: йӕ хъуыддӕгтӕ аразгӕйӕ баруайдзӕн.