23 Уый сӕ хъахъхъӕны, се ’нцой лӕууы, сӕ фӕндӕгтӕй Йӕ цӕст нӕ исы.
Исты Дын адӕймаджы цӕстытӕ ис, ӕмӕ Ды дӕр адӕймагау кӕсыс?
Уый зоны мӕнгӕрдты; тӕригъӕд куы фена, уӕд ӕй афтӕ куыд ныббардзӕн?
Абырджыты хӕдзӕрттӕ цӕрӕг сты, Хуыцауы чи мӕсты кӕны, уыдон ӕдас сты, цыма Хуыцау сӕ къухы ис, уыйау.
Ӕви мын Хуыцау мӕ фӕндӕгтӕ нӕ уыны, ӕви мын мӕ алы къахдзӕф дӕр нӕ нымайы?
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕ цӕст дары адӕмы фӕндӕгтӕм, сӕ алы къахдзӕф дӕр сын уыны.
Дунедарӕг рӕстуды фӕлвары; ӕнӕхуыцау, тыхмиуарзаг ӕнӕуынон сты Йӕ удӕн.
Дунедарӕджы цӕстытӕ алкӕдӕм дӕр кӕсынц: фыдзӕрдӕты дӕр уынынц ӕмӕ, хӕларзӕрдӕ чи у, уыдоны дӕр.
Дунедарӕг адӕймагӕн йӕ алы фӕндаг дӕр уыны, йӕ алкӕцы фӕндагмӕ дӕр ын Йӕ цӕст дары.
Бӕстӕйӕн йӕ хуыздӕр ӕфтиаг — чи йыл ауды, уыцы паддзах.
Фыдгӕнджытӕн сӕ тӕрхоны заман тагъд не ’рцӕудзӕн, фыдбылызтӕ кӕнынӕй дӕр уымӕн нӕ тӕрсынц.
Сидынц: «Цомут ӕмӕ абон дзӕбӕх нынцъухӕм сӕн ӕмӕ махсымӕ, райсом та дзы ноджы хуыздӕр фӕкӕсдзыстӕм нӕхимӕ!»
Дунедарӕг сомы кӕны Израилы сӕрыстырдзинадӕй: «Сӕ хъуыддӕгтӕ сын нӕ ферох кӕндзынӕн мыггагмӕ!»
Мӕрдтыбӕстӕм куы фӕлидзой, уӕд сӕ уым дӕр ссардзынӕн, уӕларвмӕ куы ссӕуой, уӕд сӕ уырдыгӕй дӕр раппардзынӕн.
Фӕлӕ ӕгӕр сыгъдӕг сты Дӕ цӕстытӕ фыдракӕндтӕ уынынӕн. Бӕллӕхмӕ кӕсын нӕу Дӕ бон. Уӕдӕ фӕлитойтӕм куыд кӕсыс? Фыдгӕнӕг ӕнаххосы куы фӕныхъуыры, уӕд куыд фӕлӕууыс ӕдзӕмӕй?
Фӕлӕ уыцы цагъар йӕхинымӕр афтӕ куы зӕгъа, цӕй, мӕ хицау нырма рӕхджы нӕ фӕзындзӕни, ӕмӕ уыйадыл лӕггадгӕнӕг нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты нӕмын куы райдайа, нуӕзтыл куы схӕца ӕмӕ расыгӕй куы цӕуа,
Уымӕн ӕмӕ адӕм афтӕ куы дзурой: «Алырдыгӕй — сабырад ӕмӕ ӕдасдзинад», уӕд, ӕнхъӕлцау сылгоймагӕн арынафон йӕ тухӕнтӕ куыд ралӕууынц, афтӕ ӕваст сӕ адзал ӕрцӕудзӕн ӕмӕ сын фервӕзыны амал нӕ уыдзӕн.
Йӕ сывӕллӕтты дӕр ын амардзынӕн; уӕд ӕппӕт аргъуантӕ дӕр базондзысты, Ӕз адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ кӕй уынын, уый, ӕмӕ уӕ алкӕмӕн дӕр кӕй йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕн.