20 Цы хуылфӕй рацыд, уымӕй — рох, уаллӕттӕн хӕрзад хойраг суыдзӕн; хъуыды дӕр ӕй ничиуал ӕркӕндзӕн, бӕласау калд ӕрцӕудзӕни фыддзинад.
Марды чырын хонын мӕ фыд, уаллоны — мӕ мад, мӕ хо.
Алырдыгӕй дӕр мӕ ныззыгуым кодта, ӕмӕ сӕфын, мӕ ныфс мын бӕласау йӕ бындзарӕй срӕдывта.
ӕмӕ, мӕ буар куы азгъӕла, уӕд дӕр ӕз фендзынӕн Хуыцауы.
Дыууӕйӕ дӕр сыджытмӕ цӕуынц, сӕ дыууӕ дӕр ӕмхуызон скӕлм уыдзысты.
Мӕхицӕн ӕнӕмӕтӕй хуыссин ӕмӕ улӕфин,
Хынджылӕг мӕ кодтой ӕнаккӕгтау, сӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс мӕм цыди.
Рӕстуды арфӕгондӕй мысдзысты, тӕригъӕдджынӕн йӕ кой дӕр нал баззайдзӕн.
Ӕз федтон, фыдгӕнджыты кадимӕ куыд ныгӕдтой, уый. Адӕм куыддӕр уаз бынатӕй раздӕхынц, афтӕ фыдгӕнджытӕн, фыдбылызтӕ цы сахары арӕзтой, уым сӕ кой ферох вӕййы. Уыдӕттӕ дӕр тагъд аивгъуыйынц!
Дӕ фыдгултӕн сӕ мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты, сӕ хӕрвӕгтӕ нӕ рацӕудзысты ингӕнтӕй, уымӕн ӕмӕ сӕ Ды быныскъуыд фӕкодтай, сӕ кой дӕр куыд никуыуал уа, афтӕ.
Фӕлӕ Дунедарӕг загъта: «Мад йӕ дзидзидай хъӕбулы куыд хъуамӕ ферох кӕна, куыннӕ хъуамӕ фӕтӕригъӕд кӕна, цы сабийы ныййардта, уымӕн? Чи зоны ӕмӕ уый ферох кӕна йӕ сабийы, фӕлӕ Ӕз нӕ ферох кӕндзынӕн сымах.
Афтӕ рацӕудзӕнис авд азы. Ахӕм у Уаз Хъахъхъӕнджыты уынаффӕ, уый сӕ тӕрхон у. Ӕппӕт зӕххон цӕрджытӕ хъуамӕ базоной: зӕххон паддзахӕдтӕн ис иунӕг хицау — Иууылбӕрзонд! Кӕмӕн Ӕй фӕнды, уыдонӕн сӕ ратты, адӕмӕн сӕ ныллӕгдӕры паддзахы бынатмӕ сисы‘.
Фӕрӕт ныридӕгӕн бӕласы рӕбын цӕттӕйӕ лӕууы: йӕ дыргъ цы бӕласӕн нӕ фӕбӕззы, уый акалынц ӕмӕ йӕ арты баппарынц.