2 Ауӕдзы дуртыл ӕддӕдӕр ахӕцынц адӕм, давд фосӕй сфосджын вӕййынц.
афтӕ ӕваст савайӕгтӕ ӕрбалӕбурдтой ӕмӕ сӕ атардтой. Дӕ кусджытӕ иууылдӕр карды комыл ӕфтыд фесты. Иунӕг ӕз ма аирвӕзтӕн удӕгасӕй, цӕмӕй дын ӕй фехъусын кӕнон».
Уый дзырд нӕма фӕци, афтӕ та ӕндӕр хабархӕссӕг ӕрбалӕууыди: «Ӕртӕ къордӕй ӕрбалӕбурдтой халдейӕгтӕ ӕмӕ теуаты атардтой. Кусджытӕ карды комыл ӕфтыд фесты. Иунӕг ӕз ма аирвӕзтӕн удӕгасӕй, цӕмӕй дын ӕй фехъусын кӕнон».
Уымӕн ӕмӕ мӕгуыртыл йӕ тых ӕвзӕрста, былысчъилтӕ сыл кодта; цы хӕдзӕрттӕ нӕ сарӕзта, уыдон-иу йӕхи бакодта.
Кӕд мӕ тӕригъӕдтӕ зӕххӕн уӕз кӕнынц ӕмӕ йӕ алы ауӕдз дӕр хъаст кӕны мӕнӕй;
Ӕххормаг лӕг ын бахӕрдзӕн йӕ тыллӕг — какон сындз дӕр ӕй нӕ бауромдзӕн, цыбӕлгӕнӕг ын бацахсдзӕн йӕ исбон.
Дӕ фыдӕлтӕ арӕнӕн цы дур сӕвӕрдтой, уый йӕ бынатӕй ма фезмӕлын кӕн.
Рагон арӕны дур ма фезмӕлын кӕн, сидзӕрты хуыммӕ ма бахъав,
Иудӕйы фӕтӕгтӕ искӕй ауӕдзыл фалдӕр кӕй ахӕцынц, уый тыххӕй сыл Ӕз Мӕ маст ныккалдзынӕн донау!
Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн исбонӕн цы зӕхх дӕтты, уым, дӕ сыхагӕй де ’хсӕн фыдӕлтӕй цы арӕн баззад, ууыл ма бахӕц фалдӕр.
„Ӕлгъыст фӕуӕд, йӕ сыхаджы арӕныл фалдӕр чи ахӕца!“ Адӕм та иууылдӕр иумӕ зӕгъӕнт: „Аммен!“