11 Систы ’хсӕн лӕмарынц сӕн, сӕндуцӕнты сӕн дуцынц, фӕлӕ дойныйӕ мӕлынц.
Цӕуынц бӕгънӕгӕй, дзаума сын нӕй, ӕххормагӕй куыристӕ фӕхӕссынц.
Сахары хъуысы мӕлӕг адӕм хъӕрзын, ӕххуысагурӕг дзыназынц цӕфтӕ, фӕлӕ Хуыцау уыдӕттӕ нӕ уыны.
Доны сын аирвӕзӕн нӕй, сӕ зӕххы хай — ӕлгъыст, сӕ сӕндӕттӕ ӕнӕвнӕлдӕй лӕууынц.
Сойджын зӕххыл цин ӕмӕ хъӕлдзӕгдзинадӕн фесӕфти сӕ кой дӕр, сӕндӕттӕй цины зарӕг нал хъуысы. Сӕндондартӕ сӕн нал дуцынц сӕ сӕндуцӕнты, кӕрон ӕрцыди цины хъӕртӕн.
Додойаг у, галиу миты фӕрцы йӕхицӕн хӕдзар чи аразы ӕмӕ йӕ галуантӕ фыдракӕндты руаджы чи самадта, йӕ хионы лӕвар чи кусын кӕны ӕмӕ йын йӕ мызд чи нӕ фиды!
Найгӕнӕг галӕн йӕ дзых ма бӕтт.
Уӕ хуымтӕ уын чи ныккарста, уыцы кусджыты мызд уӕхи бакодтат, ӕмӕ уыдон ӕрдиаг кӕнынц хъӕлӕсыдзагӕй. Уыцы хуымгӕрдджыты хъаст сыхъуысти Уӕларвӕфсады Бардарӕгмӕ.